"Нарты" бæхтӕ акафыдысты симд фестиваль "Cheval Passion"-ы

© Sputnik / сайт театра "Нарты"Бæхты театр "Нартæ"
Бæхты театр Нартæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз Авиньонмæ æрцыдысты 500 хайадисæгæй фылдæр: Францæй Мексикæйы онг, Евроцæдисы бæстæтæтæй АИШ-ы онг, Латинаг Америкæйы бæстæтæ , Австрали æмæ Хуссар–Африкайнаг Республикæ.

ЦХИНВАЛ, 29 янв — Sputnik. Бæхты театр "Нартæ" йӕ иууыл хуыздӕр трюкон номыртӕ равдыста фестиваль "Cheval Passion"-ы Францы. Дзæуджыхъæуккаг коллектив хъахъхъӕдта Уӕрӕсейы кад, йӕ программæйы скондмæ бацыдысты бæхтыл парад, джигитовкæ æмæ бæхы солон "кафт", фехъусын кодтой Sputnik УФ-йы президенты цур РЦИ-Аланийы иудадзыг минæварады пресс-службæйы.

Бӕхты театр "Нартӕ" ӕрсимдзӕн ӕхсӕнадӕмон фестивалы Францы

Бæхты спорты ХХХI ӕхсӕнадӕмон фестиваль "Cheval Passion"-ы æхгæныны церемонийы рæстæджы Цæгат Ирыстоны бæхты театр цы номыр равдыста, уымæ бакастыстысты 20 мин телекæсæджы.

Бæхты фестиваль "Cheval Passion" у бӕхты аивады иууыл бӕрзонддӕр фӕстиваль. Алы январы дæр францаг Авиньонмæ æрбамбырд вæййынц бирæнымæц бæхты спортуарзджытæ.

Ацæугæ фестиваль ссис 31-æм, æмæ æрæмбырд кодта хайадисджыты æмæ уазджыты уæрæх географи. Ацы аз Авиньонмæ æрцыдысты 500 хайадисæгæй фылдæр: Францæй Мексикæйы онг, Евроцæдисы бæстæтæтæй АИШ-ы онг, Латинаг Америкæйы бæстæтæ, Австрали æмæ Хуссар-Африкайнаг Республикæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0