Дзабырхуыйӕг: бӕллыдтӕн хирург суӕвынмӕ, ныр та "хос кӕнын" цырыхъхъытӕн

© Sputnik / Фатима ПлиеваДзабырхуыйæг Тыджыты Ацӕмӕз
Дзабырхуыйæг Тыджыты Ацӕмӕз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Бӕллыд хирург суӕвынмӕ, фӕлӕ "хос кӕны" ӕрмӕстдӕр дзабыртӕн. Цхинвалы иууыл зындгонддӕр дзабырхуыйӕг йӕ бӕллиц схӕлар кодта йӕ фыртӕн, йӕхӕдӕг та ссис йӕ дӕсниады иууыл хуыздӕр специалист.

ЦХИНВАЛ, 4 фев — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны иууыл зындгонддӕр дзабырхуыйæг Тыджыты Ацӕмӕз кусы Цхинвалы Модӕты ательейы фыццаг уӕладзыгыл. Горӕты ӕмӕ районты цӕрджытӕ се ‘ппӕт дӕр тырнынц, цӕмӕй сӕ къахдарӕс бацалцӕг кӕнынмӕ бахӕссой Ацӕмӕ, уымӕн ӕмӕ йӕ куыст алыхатт дӕр вӕййы цӕсгомджын ӕмӕ зӕрдӕмӕдзӕугӕ.

Бирӕтӕ сабийӕ равзарынц сӕхицӕн професси, кӕмӕн та йӕ схӕлар кӕны хъысмӕт. Ацӕ дзабырхуыйӕгӕй кусы ныр 25 азы дӕргъы, йӕ куыст райдыдта 12-аздзыдӕй. Бӕлгӕ та кодта хирург суӕвынмӕ. Чысыл саби æнæхинӕй хъуыды кодта, зӕгъгӕ, ӕрмӕстдӕр хъӕуы хорз ахуыр кӕнын, цӕмӕй йӕ бӕллиц йӕ къухты бафта, фӕлӕ йын хъысмӕт схӕлар кодта ӕндӕр, бирӕ уӕззаудӕр фӕндаг.

1989 азы ӕппӕт Советон Цӕдисы адӕмты цард схӕццӕ. Хуссар Ирыстоны та ма уӕззау цардмӕ бамбал ис Гуырдзыйы агресси. Ацы хӕсты знаджы нӕмыг бабын кодта Ацӕмӕзы фыды, мад дӕр йе ‘мкъайы фӕстӕ бирӕ нал ахаста ӕмӕ ӕнахъом лӕппу йӕ кӕстӕр хо ӕмӕ 'фсымӕримӕ адунейыл баззад зыбыты иунӕгӕй.

"Цыд мыл 12 азы, мӕ хо ӕмӕ ме ‘фсымӕр та уыдысты мӕнӕй кӕстӕр ӕмӕ мӕ бӕрны баззадысты. Уыд тынг зын рӕстӕг ӕмӕ нӕ куыддӕрты хъуыд цӕрын. Уӕд мӕ иу дзабырхуыйӕг Хуыбиаты Гиви йӕхимӕ кусӕгӕй райста. Афтӕ сдзабырхуыйӕг дӕн. Бон-иу 40 къай дзабыр дӕр сарӕзтон", — дзуры Ацӕмӕз.

© Sputnik / Плиты ФатимаЦхинвайлаг дзабырхуыйӕг Тыджыты Ацӕмӕз
Цхинвайлаг дзабырхуыйӕг Тыджыты Ацӕмӕз - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвайлаг дзабырхуыйӕг Тыджыты Ацӕмӕз

Афтӕмӕй, дзабырхуыйӕджы чысыл ӕфтиагӕй уый схъомыл кодта йӕ чысыл хо Алла ӕмӕ ‘фсымӕр Вадимы. Уыдоны ныр сӕ цард ахаста сӕ хъомылгӕнӕгӕй дард — сӕ иу цӕры Дзӕуджыхъӕуы, иннӕ та Швейцарийы.

Цыфӕнды куыст дӕр ӕнувыд ӕмӕ намысджынӕй куы кӕнай, уӕд уый ӕнӕхъусдард никуы баззайы. Ацӕмӕз дӕр йӕхицӕн Цхинвалы иууыл хуыздӕр дзабырхуыйӕджы ном скодта. Йӕ ӕрмадзы тӕрхӕг ӕппынӕдзух у йедзаг, сӕ дзабыртӕ йӕм бацаразынмӕ хӕссынц куыд горӕты алы къуымтӕй, афтӕ хъӕутӕй дӕр.

"Ныр аст азы дӕргъы мӕ дзабыртӕ хӕссын Ацӕмӕ. Университеты ма куы ахуыр кодтон, уӕд балхӕдтон мӕхицӕн цырыхъхъытӕ ӕмӕ мын уайтагъддӕр аскъуыдысты. Фӕрахӕсс-бахӕсс сӕ кодтон горӕты ӕппӕт дзабырхуыйджытыл дӕр, фӕлӕ мын сӕ ничи айста. Стӕй мын сӕ иу афтӕ — "ацы цырыхъхъытӕ дын сараздзӕн ӕрмӕстдӕр Ацӕ". Ӕмӕ ӕцӕгдӕр афтӕ рауад. Уӕдӕй фӕстӕмӕ дзабыр ӕмӕ сӕрак дзаумӕттӕ иууылдӕр хӕссын уымӕ", — радзырдта Sputnik Знауыры районы цӕрӕг Тегкаты Анжела.

© Sputnik / Плиты Фатима Дзабырхуыйӕг Тыджыты Ацӕмӕзы тӕрхӕг
 Дзабырхуыйӕг Тыджыты Ацӕмӕзы тӕрхӕг - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дзабырхуыйӕг Тыджыты Ацӕмӕзы тӕрхӕг

Ныр Ацӕмӕз йӕ профессийыл ӕрцахуыр ӕмӕ йӕ бауарзта. Ӕмӕ кӕд йӕ зӕрдӕйы кӕмдӕр ӕрхӕндӕгдзинад баззад, йӕ бӕллиц кӕй нӕ сӕххӕст, уӕддӕр фӕсмон ницӕуыл кӕны. Хъысмӕтӕй бузынг у, кӕй йын схӕлар кодта куыст ӕмӕ сабыр цард.

Ацӕмӕз у стыр биноты хицау, ис йын цардӕмбал ӕмӕ ӕхсӕз хъӕбулы. Йӕхи сидзӕр уӕззау сабибонтӕ йӕ зӕрдылдаргӕйӕ, Ацӕмӕз тырны, цӕмӕй йӕ хъӕбултӕ мацы цух уой, ӕрвылуысм дӕр ӕнкъарой ныййарджыты уарзондзинад ӕмӕ аудындзинад.

Йӕ хистӕр фырт дӕр иучысыл акуыста йемӕ дзабырхуыйӕгӕй, фӕлӕ йӕ зӕрдӕмӕ нӕ фӕцыд ӕмӕ ныр йӕ фыды бӕллиц йӕхи бакодта.

"Мӕ хистӕр фырт Ионафан ахуыр кӕны медицинон ахуыргӕнӕндоны фӕндзтыл ӕмӕ фӕнд кӕны йӕ ахуыр Уӕрӕсейы адарддӕр кӕнын ӕмӕ хирург суӕвын", — дзуры дзабырхуыйӕг.

Цардуагон лӕггӕдты мӕгуырау уавӕр

Ацӕмӕз бацӕуы алы адӕймаджы уавӕры дӕр, кӕмӕн йӕ дзабыртӕ ӕнӕрадӕй ахуыйы, кӕмӕй аргъӕй къаддӕр райсы. Ӕмӕ йын уыдон дӕр дзуапп дӕттынц сӕ хорз ахастӕй.

"Цхинвалы фӕстаг рӕстӕг адӕм фӕмӕгуыр сты, хаттӕй-хатт мӕм афтӕ бызгъуыр дзабыртӕ ӕрбахӕссынц, ӕмӕ сын сӕмбырдгӕнӕн дӕр нал вӕййы. Ӕмӕ сыл кӕд бирӕ фыдӕбон фӕхъӕуы, уӕддӕр сӕ бирӕ 'хца нӕ райсын, уымӕн ӕмӕ йӕ ӕмбарын, йӕ фыр хъалӕй сӕ кӕй нӕ аразын кӕны ацы бызгъуырты", — банысан кодта дзабырхуыйӕг.

Иудзырдӕй, ахӕм адӕймаг ӕвӕццӕгӕн нӕй Цхинвалы, Ацӕйы чи нӕ зоны. Хорз специалист, уарзӕгой бинонтыхицау, худгӕбыл адӕймаг — Тыджыты Ацӕмӕз ӕппӕт ацы ӕзты ссис Цхинвалы ӕнӕаивгӕ хай.

Ног хабӕртты лентӕ
0