ЦХИНВАЛ, 5 фев — Sputnik. Дзæуджыхъæуы æмæ Алайнаг епархийы хицауиуæггæнæг архиерейы хæстæ рæстæгмæ æххæстгæнæгæй снысан кодтой Пятигорскы æмæ Черкесскы архиепископ Феофилакты, хъусын кӕны "15 регион".
Ивгъуыд азы кæрон архиепископ Зосима фӕцис йӕ динон архайд Цӕгат Ирыстоны, уӕдӕй нырмӕ йӕ хӕстӕ ӕххӕст кодта Алайнаг нӕлгоймӕгты моладзандоны динамонӕг Стефан (Дзугкоты).
Майрӕмбоны Пятигорскы æмæ Черкесскы архиепископ Феофилакт ӕрцӕудзӕн Цæгат Ирыстонмæ. Алайнаг Дзӕуджыхъӕуккаг епархийы иудадзыг хистӕрӕй кæй снысан кæндзысты, уый нырма бæрæг нæу.
"Нæ епархи у хæдбар, хæдхъом епархи Уырыссаг чырыстон аргъуаны сконды. Зосимайы бынатмæ нырма никæй снысан кодтой æмæ нæм нæй хицауиуæггæнæг архиерей, уымæ гæсгæ уал рæстæгмæ йӕ хæстæ æххæст кæндзæн Пятигорскы æмæ Черкесскы архиепископ Феофилакт", — загъта сыгъдæг Георгийы номыл аргъуаны сæргълæууæг Гаглойты Саввæ.
Динамонӕг ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, зӕгъгӕ, нӕ зæрдӕтæ дарӕм, уыцы разамынд æппынæдзух дардæй кæй не ‘ххæст кæндзæн, фæлæ-иу ссардзæн рæстæг æмæ фадат æрцæуынæн æмæ лæггад кæнынæн.
Архиепископ Зосима Дзӕуджыхъӕуккаг ӕмӕ Махачкалайаг епархийы сӕргъ слӕууыд 2011 азы марты. Фӕстӕдӕр епархи ахицӕн кодтой ӕмӕ Зосима ссис Алайнаг Дзӕуджыхъӕуккаг епархийы хистӕр.