Цхинвалы фӕстаг дзуттаг Джинджихашвили Рибка ис Сырх дзуары иудадзыг хъусдарды бын

© Sputnik / Фатима ПлиеваЦхинвалы фӕстаг дзуттаг Джинджихашвили Рибка
Цхинвалы фӕстаг дзуттаг Джинджихашвили Рибка - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Джинджихашвили Рибка абӕстыл кӕд баззад зыбыты иунӕгӕй, уӕддӕр ӕнӕркаст нӕу. Иунӕг сылгоймагмӕ зилынц Сырх дзуары ӕппӕтадӕмон комитеты бынӕттон миссийы кусджытӕ, нӕ йӕ уадзынц ӕнӕ ӕркаст ӕмӕ хӕрдцух.

ЦХИНВАЛ, 8 фев — Sputnik. Иунӕг зӕронд сылгоймаг, Цхинвалы фӕстаг дзуттаг Рибка Джинджихашвили ис Ӕхсӕнадӕмон сырх дзыуары комитеты ӕппынӕдзух хъусдарды бын, фехъусын кодтой Sputnik комитеты пресс-службӕйы.

Ацы уӕззау хъысмӕтимӕ ацӕргӕ сылгоймаг ссис ӕрӕджы Sputnik уацтӕй сӕ иуы сӕйраг хъайтар. Цхинвалы рагондӕр район — Уирӕгты кварталы ма цӕргӕйӕ баззад иунӕг дзуттаг Рибка Мордехы чызг. Рибка Sputnik уацхӕссӕгӕн рагром кодта йӕ бӕллиц, кӕй йӕ фӕнды иу цӕстӕй бакӕсын Израилы йӕ нацийы фӕрныг цардмӕ.

Фӕлӕ Сырх дзуары куыд фехъусын кодтой Sputnik, афтӕмӕй, сылгоймагӕн йӕ уавӕр хынцгӕйӕ, бынӕттон миссийы кусджытӕ ссардтой Рибкайы хӕстӕджыты Израилы, фӕлӕ уый не ‘сразы йӕ райгуырӕн бӕстӕ Ирыстон, йӕ дзӕнӕттаг хиуӕтты ингӕтӕ ныууадзыныл ӕмӕ нӕ акуымдта ардыгӕй.

Цхинвалы фӕстаг уираг

"Ис нӕм сӕрмагонд программӕ бинонты бастдзинӕдтӕ сног кӕнӕны фӕдыл. Ацы программӕйы фӕлгӕтты архайгӕйӕ Рибкайӕн ссардтам йӕ мады ӕфсымӕры зӕнӕджы. Сӕ иу цӕттӕ уыд Рибкайы Израилмӕ акӕнынмӕ, фӕлӕ уый не ‘сразы ис Ирыстонӕй ацӕуыныл", — радзырдта уагдоны пресс-секретарь Тедеты Марина.

Уый ма банысан кодта, 2008 азы хӕстӕй фӕстӕмӕ Рибка Джинджихашвилийы ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг хӕлцадӕй кӕй ифтонг кӕны Сырх дзуары ӕппӕтадӕмон комитеты бынӕттон мисси.

"Къуыри йӕм цалдӕр хатты бацӕуӕуы комитеты "хӕдзарон ӕркасты" программӕйы кусӕг, ӕрцӕттӕ йын кӕнӕм хӕринаг, рафснайӕм хӕдзар", — загъта Тедеты Марина.

Афтӕ ма Рибка Мордехы чызгӕн ӕххуыс кӕны Дзӕуджыхъӕуы дзуттӕгты ӕхсӕнад, исы бынӕттон пенси. Ӕххуысы къух ма йӕм фӕдаргъ кӕны РХИ ӕнӕниздзинад хъахъхъӕнынады ӕмӕ социалон рӕзты министрад дӕр.

"Республикӕйы ӕххуысхъуаг адӕмӕн аз иу хатт министрад ӕххуыс кӕны финасон фӕрӕзтӕй. Нӕ республикӕйы ӕндӕр тыхст адӕмы ӕмрӕнхъ Рибка дӕр ног азы размӕ райсы 10 мин сомы", — загътой министрады пресс-службӕйы.

Ног хабӕртты лентӕ
0