Программæ "Малусæг" сабиты сахуыр кӕндзӕн мадӕлон ӕвзагыл хъуыды кӕнын

© Sputnik / Мария КотаеваПрограммæ "Малусæг" ратдзæн фадат сывæллæттæн мадæлон æвзагыл хъуыды кæнын
Программæ Малусæг ратдзæн фадат сывæллæттæн мадæлон æвзагыл хъуыды кæнын - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сколаагъоммæ уагдæтты баконд æрцæудзæн билингвон ахуырадон программæ "Малусæг".

ЦХИНВАЛ, 12 фев — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны скъолаагъоммæ ахуырадон уагдæтты ӕрӕвналдзысты ахуырмӕ ног программæ "Малусæг"-мӕ гӕсгӕ. Скъолаагъоммæ кары сывæллæттæн ахуырадон-методикон æрмæг сарæзтой Хуссар Ирыстоны ахуыргæндтæ æмæ ахуыргæнджытæ. Программæйы презентаци æрæмбырд кодта зонадон интеллигенцийы минæвæртты, ахуыргæнджыты æмæ сывæллæтты, скъолаагъоммæ уагдæтты къухдариуæггæнджыты.

Программæ конд у 42 ахуырадон æххуысчиныгæй æмæ у арæзт ахуыргæнæн хъæзтытыл. Уымæй дарддæр ма программæмæ хаст æрцыдысты ахуыргæнæн чингуытæ математикæйæ, логикон хъуыдыкæнынадæй, риторикæйæ, аивадон дæсниадæй, зарынæй. Ахуырад æмæ зонады министр Гасситы Натали программæйыл бакуыст схуыдта мадæлон æвзаг бахъахъхъæнын æмæ райрæзты хъуыддаджы егъау размæцыд.

"Программæ "Малусæг"-ыл куыстам æхсæз азы. Фыццаг хатт уый "сусæгæй" арвыстам сывæллæтты цæхæрæдæттæм 2013 азы, цæмæй базонӕм, ӕрмæг куыд æмбарынц скъолаагъоммæ сывæллæттæ. Программӕ ахуыр кæны скъолаагъоммæ кары сывæллæтты се ‘нкъарæнтæ æмæ хъуыдытæ мадæлон æвзагыл дзурын", — загъта йæ раныхасы ахуырады министр Гасситы Натали.

Программæйы аразджытæ хынцынц, йæ реализацийы рæстæджы дзы кæй разындзæн цавæрдæр къуыхцытæ æмæ дзурынц, кæй йыл цæудзæн куыст дарддæр дæр.

"Программæйы бакуысты рæстæджы автортæ Битарты Зояйы разамындæй арвыстой бирæ æнæхуыссæг æхсæвтæ. Сæ баххæстгæнинæгтæ программæмæ хæсдзысты æндæр ахуыргæндтæ, фæлæ мах уыдыстæм фыццæгтæ. Нæ сывæллæттæ хъуамæ сæ хъуыдытæ æвдисой дыууæ æвзагыл дæр. Битарты Зоя нын нæ разы цы хæслæвæрд æрæвæрдта, уый æрцыд æххæст", — загъта министр.

Сывæллæтты сфæлдыстады галуаны директор Джиоты Арияна нымайы, программæ арæзт кæй æрцыд æвзагæн вазыгджын рæстæджы.

Абайты Уасо - астæуæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уасойы мысгæйæ

"Мæнæн зын у дзурын, нæ фæсивæд кæй нæу æххæст ахуыргонд. Мах ууыл æргомæй куы дзурæм, уæд нын уыдзæн фадат нæ проблемæтæ скъуыддзаг кæнын. Не ‘хсæнад нæ уыдзæн амондджын уæдмæ, цалынмæ алы ирон дæр не ссара йæхи бынат. Генетикон æмвæзадыл æвæрд фадæттæ раргом кæнын та йын баххуыс кæндзæн æрмæстдæр мадæлон æвзаг", — загъта Джиоты Арияна.

Йæ хъуыдымæ гæсгæ, абон ныййарджытæ æмæ сывæллæтты цæхæрадæтты хъомылгæнджытæ фыццаджыдæр сывæллæтты ахуыр кæнынц уырыссаг æвзагыл, алы ныййарæг дæр тырны, цæмæй йæ сывæллон зона куыд фылдæр фæсарæйнаг æвзаджы æмæ сæ бар куы уаид, уæд бынтондæр ирон æвзаг нæ ахуыр кæниккой.

"Ацы вазыгджын уавæры фæзынд программæ "Малусæг". Мæ хъуыдымæ гæсгæ, уый махæн баххуыс кæндзæн ахуыр гоймаг схъомыл кæныны хъуыддаджы. Сахуыр кæндзæн нæ сывæллæтты хъуыды кæнын, уымæн æмæ программæ у националон", — бафтыдта Джиоты Арияна.

Скъолаагъоммæ уагдæтты ахæм ахуырадон æххуысчингуытæ пайдаджын æмæ æнæмæнгхъæуæг кæй сты, уый тыххæй сæ хъуыдытæ загътой ахуыргонд интеллигенцийы минæвæрттæ дæр.

Программæ арæзт æрцыд профессор Битарты Зояйы къухдариуæгады бын, кæцы ныридæгæн рауагъта 10 ахуырадон æххуысчиныгæй фылдæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0