"Лирика" контрабандон æгъдауæй ласта милицийы раздæры кусæг

© Sputnik / Диана КозаеваУадзæн пункт "Уæллаг Рукъ"
Уадзæн пункт Уæллаг Рукъ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тобæгонд препарат "Лирика"-йы контрабандæйы фæдыл æрцахстуæвæг инцидентæй дыууæ бон раздæр ныууагъта йæ куыст мидхъуыддæгты министрады.

ЦХИНВАЛ, 17 фев — Sputnik. Хуссар Ирыстоны æмбæстаг, кæцы бафæлвæрдта республикæйы тобæгонд медицинон препарат "Лирика" арæны сæртыл раласын, разынд мидхъуыддæгты министрады кусæг, фехъусын кодта Sputnik республикæйы барадхъахъхъæнæн органты.

Лирика - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирмæ не ‘руагътой тобæгонд "Лирикæйы" контрабандæ

14 февралы Паддзахадон æдасдзинады комитеты æмæ мидхъуыддæгты министрады кусджытæ уадзæн пункт "Уæллаг Рукъ"-ы æрурæдтой Хуссар Ирыстоны æмбæстаджы, кæцымæ разынд тобæгонд медицинон препарат "Лирикæйы" егъау парти. Æдæппæт æм разынд 129 "Лирикæ"-йы капсулæйы, 40 мин сомы аргъ.

"Фыдгæнæг разынд мидхъуыддæгты министрады 19-аздзыд кусæг", — загъта барадхъахъхъæнæн органты.

Уый æмрæстæджы, мидхъуыддæгты министр Лæууойты Æхсар фехъусын кодта Sputnik, ацы æмбæстаг инцидентæй чысыл раздæр кӕй ныууагъта йæ куыст барадхъахъхъæнæн органты хи фæндонмæ гæсгæ.

"Гуссалты Дмитрий ныридæгæн нæ кусæг нал у — уый йæ куыстæй ацыд 12 февралы, ахсгæ та йæ æркодтой 14 февралы", — загъта министр.

Тæрхондон республикæйы æмбæстагæн аскъуыддзаг кодта административон æфхæрд. Афтæ ма бафиддзæн ивар 20 мин сомы бæрц.

Хуссар Ирыстоны парламент ивгъуыд аз июлы райста закъон, кæцымæ гæсгæ тобæгонд у медицинон препарат "Лирика" æмæ йæ аналогты æнæзакъонон æрбаласт, реализаци æмæ пайдакæнынад. Хоскæнынад рацӕуыны тыххæй рынчынтæн "Лирикæ" æрбаласы республикæйы Æнæниздзинад хъахъхъæныны министрад æмæ йæ уæй кæны паддзахадон аптекæты дохтыры рецептмæ гæсгæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0