ЦХИНВАЛ, 29 — Sputnik. Хуссар Ирыстоны районты ӕрӕвнӕлдтой хуымгӕнӕн куыстӕтӕм. "Ирагропромсервис"-ы кусджытӕ ныридӕгӕн республикӕйы хуымгӕнинаг быдырты 1500 гектарӕй бахуым кодтой 970, фехъусын кодта Sputnik РХИ хъӕууон хӕдзарды министрады.
"Хуымгонд зӕххытӕ ӕппӕт республикӕйы абоны онг ис 970 гектары, уыдонӕй се ‘мбисмӕ ӕввахс сты Знауыры районы. Дзауы районы хуымгӕнинаг зӕххытӕ сты бӕрзонд хъӕуты ӕмӕ дзы нырма мит нӕ систа. Уалдзыгæнд ӕдӕппӕт хъуамӕ бахуым кӕнӕм 1500 гектары зӕххытӕ", — загъта министрады экономикӕйы хайады хистӕр Зӕгъойты Батрадз.
Ацы зӕххытыл, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, фӕнд кӕнынц байтауын мӕнӕу, картоф, джитъри, пъамидор ӕмӕ ӕндӕр халсар.
Уый ма радзырдта, хъӕууон хӕдзарады министрад фӕззӕджы кӕй байтыдта фондз тонны мӕнӕу Знауыры районы Уелит ӕмӕ Урсдурты, ацы хуымгӕндӕй райсгӕ тыллӕгӕй скӕндзысты фидӕны тауинаджы фонд.
"Министрад рахаста уынаффӕ мӕнӕуы хӕрзгъӕд тауинаджы фонд саразын ӕмӕ уый оххыл байтыдтам 100 гектары мӕнӕу. Иу гектар дӕтты 5 тонны мӕнӕу ӕмӕ ӕнхъӕлмӕ кӕсӕм хорз тыллӕгмӕ", — банысан кодта Зӕгъойты Батрадз.
Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, 2014 азы эксперименты хуызы бынӕттон хӕрзгъӕд мӕнӕу ӕрыссадтой куыройы ӕмӕ йе ‘ссад ницӕмӕй фӕстӕ лӕууыд ӕрласгӕ продукцийӕ. Фӕлӕ, ӕбӕрӕг аххосӕгтӕм гӕсгӕ, Цхинвалы дзулфыцӕн комбинат нӕ пайда кӕны бынӕттон мӕнӕуы ссадӕй.