Социалон эксперимент: чи баххуыс кæндзæн сӕкӕрнизӕй рынчын чызгӕн

Рафыссын
Радон видеоэксперимент "Шоколад дӕ ирвӕзынгӕнӕг" фенын кодта, Цхинвалы цӕрджытӕ цӕттӕ кӕй сты ӕххуысмӕ ӕрбацӕуын цыфӕнды уавӕры дӕр, ӕгӕрыстӕмӕй чысыл фӕрӕзтӕ бахардз кӕнын кӕм хъӕуы, уым дӕр.

Sputnik дарддӕр кӕны социалон эксперименттӕ, ныр та сфӕнд кодта раиртасын, баххуыс кӕндзысты цӕрджытӕ ӕви нӕ ӕвзонг чызгӕн, кӕцы, нӕ легендӕмӕ гӕсгӕ, рынчын у сӕкӕрнизӕй. Ацы низы фӕстиуӕгӕн рынчыны туджы иуӕй-иу хатт ӕвиппайды ӕрхауы сӕкӕры ӕмвӕзад, ӕмӕ йын уӕд йӕ алыварс уӕвӕг адӕм хъуамӕ радтой исты адджинаг — карамель, шоколад кӕнӕ адджын дон.

Видеопроект "Социалон эксперимент" райдыдта 17 февралы, Хæлардзинады дунейон боны. Йӕ нысан у горæты цæрджыты социалон бæрн фæбæрзонддæр кæнын. Аразгæ уавæры фæрцы Sputnik Хуссар Ирыстон сбæрæг кæндзæн, цæй бæрц хæлар æмæ фæлмæнзæрдæ сты горæты цæрджытæ кæрæдзимæ.

Социалон экспериментты фæстиуджытæ видеоформаты кæсджытæн фадат ис фенын порталы уырыссаг æмæ националон версийыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0