Цкъайы фырты хъуыддаджы азымджынтæн адарддæр кодтой сæ ахсты æмгъуыд

© Sputnik / Дзерасса БиазартиЛенинаг тӕрхондон Дзӕуджыхъӕуы
Ленинаг тӕрхондон Дзӕуджыхъӕуы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ныртæккæ Цкъайы фырты хъуыддаджы фæлгæтты азымджын кæнынц полицийы фондз кусæджы, кæцытæй иу ис федералон фæдагуырды.

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik, Биазырты Дзерассæ. Цкъайы фырты хъуыддаджы æрцахстуæвæг Дзампайты Олег æмæ Ситохты Сосланæн дыууæ мæймæ адарддæр кодтой сæ ахсты æмгъуыд. Ленинаг тæрхондон сразы Слестгæнæн комитеты курдиатимæ.

Полицийы кусджытæ ахст æрцыдысты Цкъайы фырты амæлæты хъуыддаджы фæлгæтты ивгъуыд октябры æрфарсты фæстæ Дзæуджыхъæуы полицийы хайадтæй иуы.

Тæрхондоны рабадты рæстæджы Дзампайы æмæ Ситохы фыртты адвокаттæ куырдтой, цæмæй сын сæ ахсты скъуыддзаг аивой хæдзарон ахстмæ.
Дзампайы фырты адвокат Хъабалоты Мирослав фехъусын кодта, экспертизæйы рæстæджы кæй фæбæрæг, Цкъайы фырт лидокаины инъекцийæ кӕй амард. Фæлæ тæрхондонон-медицинон экспертизæйы официалон хатдзæгтæ нырма бæрæг не сты.

Ситохы фырты адвокаттæ куырдтой тæрхондонæй, цæмæй хъусдард аздахой азымджыны æнæниздзинады уавæрмæ, кæцыйы хъæуы медицинон æххуыс.

Азымджын - Sputnik Хуссар Ирыстон
"Цкъайы фырты хъуыддаджы" ма фӕзынд ноджы иу азымджын

Фæлæ тæрхондоны сæрдар Рæмонаты Алан загъта, зæгъгæ, нырма цæттæ не сты азымджыны медицинон экспертизæйы хатдзæгтæ, цæттæ та уыдзысты иу мæймæ.

Ситохты Сосланæн дæр йæ ахсты æмгъуыд æмæ уавæр баззадысты æнæаивдæй — дыууæ мæйы ахст.

Ситохы фырт тæрхондоны загъта, йæхи аххосджыныл кæй нæ нымайы æмæ банысан кодта, ахст кæй сты "бынтондæр æндæр адæм". Фæлæ тæрхондонон залы ницы нæмттæ загъд æрцыдысты.

Цкъаты Владимиры идæдз куырдта, цæмæй тæрхондон сразы уа Слестгæнæн комитетимæ æмæ азымджнтæн адарддæр æрцæуа сæ ахсты æмгъуыд.
Раздæр æртыккаг полицийы кусæг Датиты Ацæмæзæн дæр адарддæр кодтой йæ ахсты æмгъуыд.

Цкъаты Владимиры амард расайдта стыр æхсæнадон резонанс Цæгат Ирыстоны. Ацы дардыл хъуыст хъуыддаджы фæстæ отставкæйы ацыд Мидхъуыддæгты министр Артур Ахметханов, республикæйы сæргълæууæг Æгъуызарты Тамерлан райста йæ сæрмагонд контролмæ Цкъаты Владимиры амарды хъуыддаг. Ныр, республикæйы сæргълæууæджы æнæнхъæлæджы амæлæты фæстæ, Цкъайы фырты хæстæджытæ уæддæр ныфс æвæрынц, равзæрст кæй уыдзæн рæстаг æмæ аххосджынтæ баййафдзысты æмбæлон æфхæрд.

Ног хабӕртты лентӕ
0