Ӕгъуызарты Тамерланы хиуӕттӕ хатынц 28-ӕм гимназийӕн Советон хъайтары ном раттын

© Sputnik / сайт мэрии ВладикавказаДзӕуджыхъӕу
Дзӕуджыхъӕу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ивгъуыд мӕйы горӕт Дзӕуджыхъӕуы администраци балӕууыд цӕрджыты инициативӕйы фарсмӕ гимназийӕн Ӕгъуызарты Тамерланы ном раттыны тыххӕй.

ЦХИНВАЛ, 1 мар — Sputnik. Цӕгат Ирыстоны раздӕры сӕргълӕууӕг Ӕгъуызарты Тамерланы хиуӕттӕ хатынц горӕт Дзӕуджыхъӕуы администрацимӕ, цӕмӕй 28-ӕм гимназийӕн лӕвӕрд ӕрцӕуа Советон Цӕдисы хъайтар Гӕджиты Алыксандыры ном, хъусын кӕны 15 регион.

Ивгъуыд мӕйы горӕт Дзӕуджыхъӕуы администраци балӕууыд цӕрджыты инициативӕйы фарсмӕ гимназийӕн Ӕгъуызарты Тамерланы ном раттыны тыххӕй.

"Мах базыдтам, уымӕй размӕ Гӕджиты Алыксандры бинонтӕ кӕй хатыдысты, цӕмӕй 28 гимнази хӕсса йӕ рауагъдон, денджызон авиацийы булкъон, Советон Цӕдисы хъайтар Гӕджиты Александры ном. Растыл нымайӕм, сӕ куырдиатыл сын куы сразы уой, уый. Афтӕ сарӕзтаид йӕхӕдӕг Тамерлан дӕр", — дзырдӕуы хъусинаджы.

Февралы кӕрон Цæгат Ирыстоны цæрджытæ бацӕттӕ кодтой электронон курдиат республикæйы хицæутты номыл, цæмæй Дзæуджыхъæуы 28-æм гимнази ӕмӕ горӕты уынгтӕй иуӕн лæвæрд æрцæуа Æгъуызарты Тамерланы ном.

Æгъуызарты Тамерлан Цæгат Ирыстоны сæргълæууæгæй нысан æрцыд 2015 азы сентябры, амард 19 февралы мæскуыйаг рынчындоны пневмонийӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0