Знауыры районы фондз хъӕуӕн сарӕзтой иу сабидон

© Sputnik / Ада БагианСабидон
Сабидон - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы рӕвдауӕндон у ӕгас районы дыккаг. Ардӕм цӕудзысты канд Цъорбисы нӕ, фӕлӕ ма сыхаг хъӕуты сабитӕ дӕр, стӕй ма хъӕуы цӕрджытӕн фӕзындзӕн куысты бынӕттӕ.

ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik. Знауыры районы хъӕуты цӕрджытӕн сӕххӕст сӕ рагон бӕллиц — Цъорбисы бакодтой сабидон, фехъусын кодтой Sputnik районы администрацийы сӕргълӕууӕг Джиоты Рустам.

Ӕнӕхъӕн районы ӕрӕджыйы онг куыста ӕрмӕстдӕр иу сабидон — Знауыры поселочы. Уый зындзинад ӕвзӕрын кодта дӕрддзӕф хъӕуты цӕрджытӕн — алкӕмӕн фадат нӕ уыд йӕ сывӕллӕтты ӕрвылрайсом цалдӕр километры сӕрты райцентрмӕ кӕнынӕн.

Знауыры район - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цъорбисы хъӕуы раздӕры скъолайы бӕстыхайы бакӕндзысты сабидон

Ныр ног сабидонмӕ сӕ байзӕддаг кӕнынц сыхаг хъӕутӕй дӕр — Хъорнис, Бехъмар, Чециаг, Сихиат ӕмӕ а.д.

"Ныридӕгӕн сабидоны ис 20 сывӕллоны, фӕстӕдӕр йӕ бон уыдзӕн райсын 50 сабийы онг. Ацы мӕйы дӕргъы йӕ сифтонг кӕндзыстӕм ӕппӕт ӕнӕмӕнгхъӕуӕг мигӕнӕнӕй ӕмӕ марты кӕрӕтты официалон ӕгъдауӕй конд ӕрцӕудзӕн. Ныридӕгӕн уагдон ӕххӕст гуырахстӕй нӕ кусы", — загъта Джиоты Рустам.

Сабидон сарӕзтой Цъорбисы ӕнӕххӕст астӕуккаг скъолайы бӕстыхайы. Ивгъуыд аз, скъолайы фаг ахуырдзаутӕ кӕй нал уыд, уымӕ гӕсгӕ ‘рцыд ӕхгӕд. Ӕгас районы иу сабидонӕй дарддӕр кӕй нӕ уыд, уымӕ гӕсгӕ рахастӕуыд фӕндон, цӕмӕй раздӕры скъолайы бӕстыхай рацаразой сабидонмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0