ЦХИНВАЛ, 2 мар — Sputnik. Медицинон æххуыс кæныны фæдыл бадзырд фадат ратдзæн хуссарирыстойнаг æфсæддон службæгæнджытæн Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрады медицинон уагдæтты хос кæнынӕн, радзырдта æртыццæджы Sputnik республикæйы Гарзджын тыхты Генералон штабы сæргълæууæг Цъæритты Тамерлан.
УФ хицауад дыццæджы бахаста Паддзахадон Думæмæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстонимæ бадзырдты фæдыл закъоны проекттæ æфсæддон службæгæнджытæн медицинон æххуыс бакæныны тыххæй. Хуссар Ирыстонимæ бадзырд бафыст æрцыд 2014 азы 29 декабры.
"Дзырд цæуы фыццаг медико — санитарон æххуысы тыххæй. Хоскæнынмæ алыхатт дæр æрвыст цæудзысты республикæйы территорийыл уæрæсейаг æфсæддон базæйы командиры номыл РХИ хъахъхъæнынады министры куырдиаты фæстæ", — загъта генштабы сæргълæууæг.
Уый бамбарын кодта, бæрзондтехнологион æххуыс кæныны уагæвæрд бæлвырд кæй цæудзæн хицæн бадзыдтæм гæсгæ.
"Хъыгагæн, Хуссар Ирыстоны медицинон лæггæдты æмвæзад, Уæрæсейимæ абаргæйæ, афтæ бæрзонд нæу. Нæй нæм фаг специалисттæ, цæмæй сбæлвырд кæной ӕфсӕддонты бæзгæдзинад службæйæн. Хуссар Ирыстоны медицинон уагдæттæн нæй фадат рынчынтæн бæрзондтехнологион æххуыс бакæнынӕн", — банысан кодта Цъæритты Тамерлан.
Бадзырды нысан у нормативон-барадон базæйы сырæзт уæрæсейаг æмæ хуссарирыстойнаг æфсæддонтæн медицинон æххуыс бакæныны фæдыл РХИ æмæ УФ хъахъхъæнынады министрæдты медицинон уагдæтты.
Бадзырды реализаци нæ домы уæлæмхас хæрдзтæ УФ федералон бюджетæй æмæ æххæст цæудзæн федералон бюджеты фæрæзтæй, кæцытæ Уæрæсейы хъахъхъæнынады министрад хицæн кæны медицинон ифтонгадæн.