ПӔК: арæнгæрон хъæуты цæрджытæн дӕттынц барлæвæрдтæ сӕ цæхæрæдæттæ кусынæн

© Sputnik / Михаил Воскресенский /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирыстоны арæн
Хуссар Ирыстоны арæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуымгæнæн кустытæ райдайæны размæ арæнгæрон хъæуты цæрджытæ хъуамæ райсой сæрмагонд барлæвæрдтæ республикæйы Арæнгæрон управленийы.

ЦХИНВАЛ, 4 мар — Sputnik. Хъæууонхæдзарадон куыстытæ райдайыны тыххæй Хуссар Ирыстоны арæнгæрон хъæуты цæрджытæ хъуамæ райсой сæрмагонд барлæвæрдтæ республикæйы арæнгæрон органты, фехъусын кодтой республикæйы ПÆК-ы пресс-службæйы.

Уым банысан кодтой, цæхæрæдæттæ кусын райдайыны агъоммæ бынæттон цæрджытæ зæхх бакусыны тыххæй кæй хъуамæ райсой сæрмагонд барлæвæрд Цхинвалы арæнгæрон органты.

Цæхæрæдæттæ æвæрд сты арæны дæргъыл æмæ цыфæнды архайд дæр ацы территорийыл хъуамæ цæуа компетентон органты барлæвæрдæй.

"Арæнгæрон зонæйы æнæ æмбæлон документтæй хъæууонхæдзарадон куыстытæ чи æххæст кæна, уыдон закъонмæ гæсгæ æййафдзысты административон æфхæрд", — загътой ведомствӕйы.

Хуссар Ирыстоны ӕрӕвнӕлдтой уалдзыгон хуымгӕнӕн куыстытӕм - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Ирыстоны ӕрӕвнӕлдтой уалдзыгон хуымгӕнӕн куыстытӕм

Сæрмагонд барлæвæрды амынд уыдзысты æмбæстаджы паспортон бæрæггæнæнтæ æмæ арæнгæрон территорийыл цы куыстытæ хъуамæ бакæна, уыдон хуыз.

Ахæм документтæ, кæцытæ бынæттон цæрджытæн фадат дæттынц сæ цæхæрæдæттæ кусын, лæвæрд цæуынц иу азы æмгъуыдмæ. 2016 азы январæй ахæм документтæ райсыны тыххæй Хуссар Ирыстоны арæнгæрон службæмæ бахатыдысты 22 арæнгæрон цæрæджы.

Сæрмагонд барлæвæрдтæ дæттыны процедурæ фидар æрцыд хицауады уынаффæйæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0