Мыхуыры фӕзынд ирон литературӕйы антологийы цыппӕрӕм том - Хаджеты Таймураз

© Sputnik / Плиты ФатимӕИрон литературӕйы антологийы цыппӕрӕм том
Ирон литературӕйы антологийы цыппӕрӕм том - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ирон Есенин - афтӕ хонынц литературон критиктӕ Хаджеты Таймуразы. Йе ‘мдзӕвгӕтӕ тӕлмац цӕуынц бирӕ ӕндӕр ӕвзӕгтӕм, зарӕггӕнджытӕ сыл аразынц зарджытӕ, ирон адӕм та йын сӕ зонынц ӕнӕкӕсгӕйӕ.

ЦХИНВАЛ, 4 мар — Sputnik. Цхинвалы, ирон литературӕйы библиотекӕйы иумӕйаг националон проект саразыны фӕлгӕтты, рухсмӕ фӕзынд ирон литературӕйы антологийы цыппӕрӕм том — Хаджеты Таймуразы хуыздӕр ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгонд, фехъусын кодта Sputnik проекты автор Хъоцыты Андрей.

Ирон литературӕйы антологи рауадзыны гуырахстджын проекты фӕлгӕтты 2020 азмӕ хъуамӕ рухсмӕ фӕзыной Ирыстоны дыууӕ хайы курдиатджын фысджытӕ ӕмӕ поэтты чингуытӕ. Ӕмткӕй мыхуыр ӕрцӕудзӕн 40 чиныджы. Нырмӕ уал рацыд антологийы цыппар томы — Гӕдиаты Секъа, Гуыцмӕзты Алеш, Икъаты Владимир ӕмӕ Хаджеты Таймуразы чингуытӕ. Ныридӕгӕн куыст цӕуы Джыгкайты Шамилы томыл.

"Чиныджы редактор у зынгӕ ирон литератор, Таймуразы ӕввахс ӕмгар Гӕбӕраты Юрий. Антологийы проекты иллюстрацитыл куыста ӕвзонг нывгӕнӕг Джуссойты Инал, кӕцы ӕнӕрӕстӕджы ахицӕн йӕ цардӕй. Хаджеты Таймуразы ӕмдзӕвгӕты ӕмбырдгондмӕ цы нывтӕ бацыдысты, уыдон сты курдиатджын нывгӕнӕгӕн йӕ фӕстаг куыстытӕ", — радзырдта Хъоцыты Андрей.

Цхинвалы ӕххӕст цӕуы ирон литературӕйы библиотекӕйы иумӕйаг националон проект

Антологи арӕзт цӕуы мыхуыр ӕмӕ информацийы комитеты рауагъдадон нывӕзты фӕлгӕтты. Проекты автор ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй комитеты чиныг уадзыны хӕрдзтӕ кӕй фӕкъаддӕр кодтой, уымӕ гӕсгӕ аз цыд ӕрмӕстдӕр дыууӕ чиныджы.

"Уый фӕстиуӕгӕн проект афоныл ӕххӕст не ‘рцӕудзӕн. Ацы хабар хынцгӕйӕ, бацархайдзыстӕм финсон фӕрӕзтӕ ссарын, цӕмӕй проект афоныл ӕххӕст ӕрцӕуа. Иу азы дӕргъы нӕ бон рауадзын у дӕс чиныджы онг", — загъта уый.

Ирон литературӕйы антологи ныммыхуыр кӕныны гуырахстджын проект ӕххӕст цӕуы Ирыстоны фыццаг хатт ӕмӕ здӕхт у ирон дзырды дӕсныты сфӕлдыстад рауадзынмӕ. Кусы ныл райдыдтой дыууӕ азы размӕ. Ацы рӕстӕг рауадзын бантыст цыппар чиныджы. Чингуытӕ уагъд цӕуынц 300 экземплярӕй.

Ног хабӕртты лентӕ
0