Цæцæйнаг сылгоймаджы амарды фæдыл æрцахстой æртæ æмбæстаджы

© Sputnik / Виталий Белоусов /  Ахизын медиабанкмæЦæцæйнаг сылгоймаджы амарды фæдыл æрцахстой æртæ æмбæстаджы
Цæцæйнаг сылгоймаджы амарды фæдыл æрцахстой æртæ æмбæстаджы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цæцæны республикæйы цæрæг 45-аздзыд сылгоймаджы мӕрдон буар ссардтой февралы кæрон ӕдзӕрӕг хъæууон хӕдзары Цхинвалы районы. Слестгæнæн органтæ æнхъæлмæ кæсынц экспертты хатдзæгтæм.

ЦХИНВАЛ, 10 мар — Sputnik. Хуссар Иры слестгæнæн органтæ æрцахстой æртæ æмбæстаджы, кæцытæм зæрдæ æхсайы Цæцæны республикæйы 45-аздзыд цæрæг Эльдаева Луизайы амарыны хъуыддаджы, фехъусын кодта цыппæрæмы Sputnik республикæйы генералон прокуроры хæстæ æххæстгæнæг Битеты Сергей.

Милицийы кусджытӕ Уанаты ссардтой сылгоймаджы мард буар - Sputnik Хуссар Ирыстон
Милицийы кусджытӕ Уанаты ссардтой сылгоймаджы мӕрдон буар

Сылгоймаджы мӕрдон буар ссардтой февралы кæрон ӕдзӕрӕг хӕдзары Цхинвалы районы Уанаты хъæуы.

"Эльдаевайы амарыны фӕдыл уголовон хъуыддаджы фæдæвзарæны фæстиуæгæн ныридæгæн ахст сты æртæ æмбæстаджы — дыууæ Хуссар Ирыстоны æмæ иу та Стъаврополы цæрджытæ", — загъта генпрокуроры хӕстӕ æххӕстгӕнӕг.

Битеты Сергейы ныхæстæм гæсгæ, слестгæнæн куыстытæ дарддæр цæуынц, ныртæккæ прокуратурæ æнхъæлмæ кæсы эспертизæты фæстиуджытæм.

Ног хабӕртты лентӕ
0