ЦХИНВАЛ, 11 мар — Sputnik, Хъотайты Мария. Сæдæгай цхинвайлæгтæ æрбацыдысты Театралон фæзуатмæ, цæмæй сæмбæлой не ‘мзæххонтæй Гуырдзыстоны ахæстæттæй чи раирвæзт, уыцы цыппар лæппуйыл — Зассеты Георгий, Уалыты Георгий, Турашвили Борис æмæ Хъоцыты Иосифыл (Сосо).
Фембæлды цины æнкъарæнтæ нæ фехæлдта æвзæр боныгъæд. Журналисттæ ахстой хуыздæр бынæттæ, цæмæй банысан кæной фыццаг хъæбыстæ. Хиуæттæ, æмкъласонтæ, сыхæгтæ æмæ ‘нæзонгæ адæм æрбацыдысты, цæмæй сæмбæлой, даргъ 11 азы йæ хиуæтты æмæ райгуырæн горæты уынгтæ цы лæппутæ нæ федтой, уыдоныл. Лицейы ахуыргæнинæгтæ æрбацыдысты тымбылæгтимæ, цæмæй адих кæной сæ ахуыргæнæджы йæ хъæбулимæ фембæлды цины æнкъарæнтæ.
"Кæд уый архайдта махæн йæ зæрдæйыуаг æмбæхсын, уæддæр иу хаттæй — хатт уроктыл йæ цæссыгтæ бауромын йæ бон нæ уыд. Уый хынцгæйæ, махæй алчидæр тырныдта уроктыл йæхи хорз дарын. Мах æрбацыдыстæм, цæмæй йын адих кæнæм йæ цины минуттæ", — дзурынц ахуыргæнинæгтæ.
Куыддæр микроавтобус дардæй æрбазынд, афтæ æнхъæлмæкæсджытæ цины хъæртимæ агуылф кодтой машинæйы размæ, цæй фæстиуæгæн ссæрибаргонд адæм сæхæдæгдæр фæтыхстысты.
Сæ цæссыгтæ нæ урæдтой нæлгоймæгтæ дæр, кæцытæ æнæрлæугæйæ фæлхатт кодтой — "алцыдæр хорз у, алцыдæр хорз у"…
Æрдæг сахатæй фылдæр адарддæр ис фыццаг фембæлды цины уылæн. Уый фæстæ лæппуты æмæ уыдон хиуæтты йæхимæ райста республикæйы сæргълæууæг Тыбылты Леонид. Ныхасы рæстæджы уый банысан кодта, ацы мадзал сæххæст кæныны рæстæджы цы зындзинæдтыл æмбæлдысты, уыдон.
"Мах тынг цин кæнæм уæ æрæздæхтыл. Куыддæр агрессорты къухтæм бахаудтат, афтæ регулярон куыст кодтам сымах ссæрибар кæныныл. Гуырдзыстойнаг ахæстæтты кæй бадтыстут, уымæн, кæй зæгъын æй хъæуы, нæй политикон бындур. Фæлæ махæн Абхазы сæргълæууæгимæ бантыст сымах ссæрибар кæнын. Уый уыд Женеваг дискусситы сæйраг фарстытæй иу", — загъта президент.
Уый йӕ сæрмагонд фондæй цыппар лæппуйæн рахицæн кодта 200 мин сомы.
Ссæрибаргонд лæппуты сæхи дæр нæ уырны, ахæсты хъизæмæрттæ ныр кæй аззадысты фæстейæ. Разæй сæм æнхъæлмæ кæсы алыбойнон цардмæ адаптаци.
"Фæстаг æртæ азы, Гуырдзыстоны хицауады фæивдимæ, махырдæм ахаст фæхуыздæр. Уый размæ мах æвзæрстам æгаддзинад æмæ хынджылæг националон миниуæджы тыххæй. Афтæ ма фенхъæлут, æмæ мын гуырдзиаг мыггаг кæй ис, уый мын "рогдæр" кодта мæ ахæсты бонтæ. Райгуырдтæн æмæ схъомыл дæн Цхинвалы, æмæ ме ‘рдæм сæ ахаст уыд æвзæрдæр, этникон ирæттæм абаргæйæ", — дзуры Борис Турашвили.
Ахæм хъизæмæрттæ æвзæрстой иннæ лæппутæ дæр.
"Колонийы мидæг ахæстыты æхсæн уыд быхсгæ ахастытæ. Ирон кæй дæн, уый тыххæй мæм къæм ничи дардта. Медицинон æххуыс райсынимæ дæр нын нæ уыд проблемæтæ. Фæлæ нæ ахæстоны цæстдарджытæ æмæ кусджытæ иудадзыг кодтой хынджылæг", — дзуры Зассеты Георгий.
Бирæ æзты мидæг фыццаг хатт уыдонæй алчидæр йæ ног боныл сæмбæлдзæн йæхи хæдзары, ракæсдзæн рудзынгæй æмæ сабырæй бацин кæндзæн йæ ног сæрибар царды хæрдмæдзог хуры тынтыл.