Гуырдзиаг ахæстæтты нал ис хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæ

© архивное фотоПрезиденты паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Дауыт
Президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Дауыт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Санахъоты Дауыты ныхæстæм гæсгæ, ныр хицауад æрæвнæлдта æбæрæгæй цы æмбæстæгтæ фесæфт, уыдон хъысмæт равзарынмӕ.

ЦХИНВАЛ, 15 мар — Sputnik. Гуырдзыстоны ахæстæтты нал баззад Хуссар Ирыстоны æмбæстæгтæй, фæстæгтæ ссæрибар æрцыдысты ивгъуыд къуыри, фехъусын кодта Sputnik президенты паддзахадон уынаффæгæнæг Санахъоты Дауыт.

Сæдæгай цхинвайлæгтæ æрбацыдысты Театралон фæзуатмæ, цæмæй сæмбæлой не ‘мзæххонтыл - Sputnik Хуссар Ирыстон
11 азы дӕргъӕн фӕндаг хӕдзармӕ

Гуырдзыстоны тæрхондон цæрæнбонтæм ахæстоны фæбадын цы цыппар хуссарирыстойнаг æмбæстæгтæн аскъуыддзаг кодта, уыдон сæрибар æрцыдысты 10 марты. Лӕппуты баивтой гуырдзыстоны æмбæстæгтыл, кæцытæ се ‘фхæрды æмгъуыд æрвыстой цхинвайлаг колонийы.

"Нæ информацимæ гæсгæ, не ‘мбæстæгтæй Гуырдзыстоны ахæстæтты ничиуал ис", — загъта Санахъоты Дауыт.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, ныр хицауад архайы, æбæрæгæй цы æмбæстæгтæ фесæфт, уыдон хъысмæт рабæрæг кæнынмæ.

Æрæджы, Цхинвалмæ йæ визиты рæстæджы, ОБСЕ-йы хæдбар эксперт, кæцы кусы æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты хъуыддагыл, радта хуссарирыстойнаг фарсæн йæ рекомендацитæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0