Хуссар Иры фӕкъаддӕр сты ӕнахъомты ‘хсӕн фыдракӕндтӕ

© Sputnik / Фатима ПлиеваӔнахъомты хайады хистӕр Гатайты Лали.
Ӕнахъомты хайады хистӕр Гатайты Лали. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Цхинвалы ӕнахъомты фӕдыл инспекцийы хъусдарды бын ис 18 сывӕллоны ӕмӕ 19 бинонтӕ, кӕцытӕ не ‘ххӕст кӕнынц ныййарӕджы хӕстӕ. Горӕты ӕхгӕд ахуыргӕнӕндӕттӕ ӕмӕ сывӕллӕтты хӕдзӕр кӕй нӕй, уый та бирӕбӕрцӕй къуылымпы кӕны инспекцийы куыст.

ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Хуссар Ирыстоны фӕстаг ӕзты фӕкъаддӕр сты ӕнахъомты ‘хсӕн фыдракӕндтӕ, иумӕйагӕй сисгӕйӕ, инспекторӕн бантыст проблемон фӕсивӕды 95% рараст кӕнын, фехъусын кодта Sputnik мидхъуыддӕгты министрады ӕнахъомты хайады хистӕр Гатайты Лали.

Ӕнахъомты фӕдыл инспекцийы хъусдарды бын Цхинвалы ныртӕккӕ ис 18 æнахъомы ӕмӕ 19 бинонтӕ, кӕцытӕ не ‘ххӕст кӕнынц ныййарӕджы хӕстӕ.
Ӕрвылрайсом мидхъуыддӕгты министрады ӕнахъомты фӕдыл хайады фондз инспекторы балӕууынц сӕ куысты уӕлхъус — зилынц скъолатыл, уагдӕттыл ӕмӕ проблемон бинонтыл.

"Нӕ инспектортӕ, скъолаты психологтӕ ӕмӕ фӕсивӕдон организациты иумӕйаг архайды фӕстиуӕгӕн ӕнахъомты ‘хсӕн фыдракӕндтӕ ахадгӕ фӕкъаддӕр сты. 2015 — 2016 ӕзты нӕ куыстӕн ис бынтон ӕвӕрццаг фӕстиуджытӕ. Иумӕйагӕй сисгӕйӕ нын бантысы ӕнӕхъомты 95% раст фӕндагыл слӕууын кӕнын", — радзырдта Гатайты Лали.

Уый банысан кодта, зӕгъгӕ, ӕгас горӕты ис фондз ӕнахъом сывӕллоны, кӕцытӕн рараст кӕнын не ‘нтысы ӕмӕ сӕ хъӕуы бакӕнын ӕхгӕд ахуыргӕнӕндӕттӕм. Ахӕмтӕ та Хуссар Ирыстоны нӕй. Цалдӕр азы размӕ ма кӕд мидхъуыддӕгты министрады ӕнахъомтимӕ куысты хайад хатыд республикӕйы къухдариуӕгадмӕ растгӕнӕн колони саразыны тыххӕй, уӕд ныр та, Гатайты Лалийы хъуыдымӕ гӕсгӕ, йӕ актуалондзинад фесӕфта.

"Цалдӕр адӕймаджы тыххӕй сӕрмагонд уагдон саразын мӕм раст нӕ кӕсы, фӕлӕ хорз уаид, хицауады ӕмвӕзадыл куы саразиккой бадзырд, цӕмӕй ацы фӕсивӕды Дзӕуджыхъӕуы ӕхгӕд ахуыргӕнӕндонмӕ айсой. Уыдон канд фыдракӕндтӕ нӕ арызынц, фӕлӕ ма ӕппӕрццагӕй ӕндавынц иннӕ ӕнахъомтыл дӕр", — загъта уый.

Афтӕ ма ӕнахъомты хъуыддӕгты фӕдыл хайады инспектортӕ кусынц проблемон бинонтимӕ дӕр, кӕцытӕ не ‘ххӕст кӕнынц сӕ ныййарӕджы хӕстӕ. Гатайты Лалийы ныхӕстӕм гӕсгӕ, ацы фадыджы сӕ куыстыл ӕппӕрццагӕй ӕндавы, Цхинвалы кӕй нӕй сывӕллӕтты хӕдзар, уый.

"Хуыцауы фӕрцы нӕм ахӕм проблемӕ нӕй, ӕмӕ адӕм сӕ сывӕллӕтты уадзынц. Фӕлӕ нӕм ис ахӕм бинонтӕ, кӕцытӕн сӕ ныййарӕджы хӕстӕм ис уазал ахаст. Сӕ сабитӕм ӕмбӕлон уагыл цы мад ӕмӕ фыд нӕ кӕсынц, уыдонӕн хъӕуы сӕ ныййарӕджы бартӕ байсын", — банысан ма кодта Гатайты Лали.

Сӕ ныййарджытӕ рӕстмӕ хъусдард цы сабитӕм не ‘здахынц, уыдон уал инспектортӕ рӕстӕгмӕ бакӕнынц скъола-интернатмӕ, ацы уагдонӕн та уый бынтондӕр йӕ нысан нӕу.

Ног хабӕртты лентӕ
0