Ноджы ма иу хъæлæс Хуссар Ирæй исы хайад конкурс "Дзурæм куыд Левитан"-ы

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæРадиостанцы куыст
Радиостанцы куыст - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
ПТРК "Ир"-ы информацион рауагъд "Абон"-ы редактор Лохты Дзамболат арвыста йӕ хъӕлӕс радиоконкурс"Дзурæм куыд Левитан"-мæ.

ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik. Юрий Левитанмæ уарзт ахъазыд Лохты Дзамболаты царды егъау роль. Æппæтцæдисон радиойы зындгонд дикторы хъæлæсмæ хъусгæйæ йе ‘взонджы бонты уый фæлвæрдта йæ манерæйы дзурын, уый фæстæ æрбацыд кусынмæ радиомæ. Уымæ гæсгæ, кумирæн нывонд конкурсы тыххæй базонгæйæ аскъуыддзаг кодта уым хайад райсын.

"Мæхуызæттæ минтæ сты. Фæлæ мæ хайадистæй мæн фæнды равдисын мæ ахаст стыр адæймагмæ, кæцыйы хъæлæс бахаста егъау хайбавæрд фашистон Германыл фæуæлахизы хъуыддагмæ", — банысан кодта Дзамболат.

Лохты Дзамболат бафарста текст "Бобруйскмæ бабырсты тыххæй", цыран дзырдæуы 1941 азы июлы советон Ныгуылæйнаг фронты хуссар флангы æфсæддон архæйдтыты тыххæй.

Конкурсы хайад райсыны тыххæй сайтыл хъуамæ равзарай историкон хроникæтæй иу текст, бафæрсай æмæ йæ аудиофайлы хуызы арвитай ахæм электронон адресмæ levitan@rian.ru. Бавдысттæ ист цæуынц 15 апрелмæ. Уый фæстæ куыстытæ æвæрд æрцæудзысты сайтыл. Фæстиуджытæ банымайыны фæстæ, 5 майы сбæлвырд уыдзæн уæлахиздзауы ном.

Ног хабӕртты лентӕ
0