ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны дзыллæйады æхсæн сæвзæрын кодта негативон ахаст, гуырдзыстойнаг артисттæн марты кæрон Дзæуджыхъæуы концерттæ кæй хъуамæ уа, уыцы хъуыддагмӕ. Ацы хабарыл активонæй уынаффæ цæуы социалон хызæгты. Хуссар Ирыстоны блогертæн Цæгат Ирыстонæй дзуапп кæнынц: "Аивад политикæмæ ницы бар дары".
Ирон интернет-ресурс "Осрадио"-йы редактор Къудухты Олегы фидарæй уырны, гуырдзиаг концерттæ Дзæуджыхъæуы кæй сты политикон хъазты культурон элемент, глобалон æндæвдады ахсджиаг инструмент æмæ экономикæйы егъау сектор.
"Стыр Фыдыбæстæйон хæсты агитбригадæты рæстæгæй фæстæмæ культурæ у хæсты æнæфæцудгæ элемент. Дзæуджыхъæуы æрæмбырдгонд гонорартæй гуырдзиаг ансамбль Гуырдзыстоны бафиддзæн фиддонтæ, кæцытæй гуырдзыстоны хицауад балхæндзæн нӕмгуыты асыкк, кæцытæй гуырдзиаг БТР кæддæр фехсдзæн иу бæрзæндæй Цхинвалы ног цалцæггонд уынгтæ", — нымайы редактор.
Журналисты нымадмæ гæсгæ, гуырдзиаг ансамблты гастролтæ арæзт цæуынц, цæмæй ирон æхсæнад сараза провокацитæ концертон залты.
"Фæстæдæр гуырдзиæгтæ фыццаджыдæр Уæрæсейы æмæ конкретонæй Цæгат Ир, ирон адæмы фæазымджын кæндзысты национализм, фашизм æмæ экстремизмы. Гуырдзиæгтæ уый тыххæй хъæр кæндзысты æппæт æхсæнадæмон фæзуæттæй. Ныгуылæн та аххосджын кæндзæн Уæрæсейы ООН æмæ ОБСЕ-йы конференциты", — загъта Къудухты Олег.
Цæгат Ирыстоны культурæйы министрады Sputnik уацхæссæгæн фехъусын кодтой, гуырдзиаг коллективты министрад кæй нæ фæхуыдта, мадзал кæй хæссы сыгъдæг коммерцион нысаниуæг.
"Гуырдзиаг коллективтæ не ‘рцæудзысты Дзæуджыхъæумæ культурæйы министрады фæхуындмæ гæсгæ. Уый у кæйдæр хисæрмагонд фæхуынд. Концерт уагъд цæудзæн ЦИПУ-йы залы, махæн уыдонмæ ницы ахаст ис. Уым иудадзыг уагъд цæуынц цавæрдæр коммерцион концерттæ", — загъта культурæйы министрады минæвар.
Гуырдзиаг ансамблты концертон туры тыххæй сæ ахаст равдыстой хуссарирыстойнаг культурæйы архайджытæ дæр.
Паддзахадон драмтеатры раздæры къухдариуæггæнæг, Хуссар Ирыстоны сгуыхт артист Бибылты Сослан нымайы, гуырдзиаг концерттæ Дзæуджыхъæуы уагъд хъуамæ ма цæуой, фыццаджыдæр хуссаримæ солидарондзинады нысанæн, цыран Гуырдзыстон арæзта геноцид 1920 — 2008 азты дæргъы.
"Ирыстоны цæгатфарс гуырдзиаг коллективтæ рæстæгæй рæстæгмæ концерттæ кæй дæттынц, уыцы факт нымайын аморалоныл. Ирон адæмы куынæг хуссары æмæ концæрттæ та цæгаты — у æнæруадзгæ хъуыддаг. 2008 азы, Цхинвал зынджы бын куы уыд, уæд ацы ансамблтæ цин кодтой Тбилисы центры. Гуырдзиаг ансамблты концерттæ сты организаторты бакуыст. Аивадæн арæнтæ нæй, зæгъгæ, уыцы ныхæстæ та сты цыбыр ныхæстæ", — загъта Бибылты Сослан.
Хуссарирыстойнаг паддзахадон ансамбль "Симд"-ы аивадон къухдариуæггæнæг Гаглойты Ростик хъыгимæ банысан кодта, гуырдзиаг концерттæ Дзæуджыхъæуы уадзын кæй у регулярон практикæ.
"Мæнмæ диссаг нæ кæсынц Гуырдзыстоны ансамблты концерттæ Дзæуджыхъæуы. Хъыгагæн, не ‘нкъарæнтæ æмæ нæ ахаст уыцы хъуыддагмæ Цæгат Иры нымады дæр нæй. Гуырдзыстоны хицауад нæ нæ нымайынц, нæ нымайынц Хуссар Иры геноцид æмæ хатыртæ нæ ракуырдтой", — загъта Гаглойты Ростик.
Се ‘ппæрццаг ахаст ацы хъуыддагмæ равдыстой Хуссар Ирыстоны парламенты депутаттæ Адæмон партийæ. Уыдон фехъусын кодтой массон информацийы фæрæзтæн, кæй арвыстой Хуссар Ирыстоны къухдариуæгадмæ куырдиат, цæмæй аивой гуырдзиаг коллективты концерттæ.
Sputnik уацхæссæгæн телефонæй ЦИПУ-ы загътой, зæгъгæ, концерттæ уагъд æрцæудзысты гуырдзиаг ансамблы уæрæсейаг горæтты концертон туры фæлгæтты, æмæ ацы тур райдайдзæн Дзæуджыхъæуӕй.
Концертмæ билеты аргъ уыдзæн 1500 — 2500 сомы. Кæй зæгъын æй хъæуы, организатортæ хорз спайда кӕндзысты.