Хуссарирыстойнаг ветеранæн баххуыс кодтой абхазаг ортопедтæ

© Фото: Ингрид Чехоева Хуссар Иры делегаци Абхазы
Хуссар Иры делегаци Абхазы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Гагрæйы реабилитацион центры специалисттæ баивтой Хуссар Ирыстоны хæсты ветеран Хуыгаты Денисы протезтæ. Ахæм æххуыс ма бакæндзысты дæс хуссарирыстойнаг ампутантæн.

ЦХИНВАЛ, 17 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны территорийыл 1989 — 2008 азты хæстон архæйдтыты рæстæджы инвалидтæ чи ссисты, уыцы фæцæфуæвæг адæмы фонды хайадисæгæн баивтой йæ протезтæ абхазаг реабилитацион центры, хъусын кæны Sputnik Абхазия.

Гагрæйы абхазаг реабилитацион центры техникон ортопедийы хайады специалисттæ баивтой Хуыгаты Денисы протезтæ. Раздæры протез цæугæ-цæуын хъыг дардта ветераны.

Сухум - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры инвалидтæн баххуыс кӕндзысты Гагрæйы протезӕвæрæн центры

"Махæн æхсызгон у, кæй нын ис фадат не ‘фсымæртæн истæмæй феххуыс кæнын. Ис нын æмхуызон истори. Знаг дæр нын иу уыд, проблемæтæ дæр. Мах стæм хæсты зынгæй рахизгæ паддзахӕдтæ, фидар кæнæм Абхаз æмæ Хуссар Иры æхсæн хид нæхи æмвæзадыл, хæсты инвалидты æмвæзадыл, цæмæй рæзгæ фæлтæр зоной, мах кæрæдзийæн æххуысмæ æрмæст хæстон рæстæджы нæ цæуæм, фæлæ сабыр рæстæг дæр", — банысан кодта Абхазы адæмы Фыдыбæстæйон хæсты инвалидты фонды сæргълæууæг Бадри Агрба.

Агрбайы ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Ирыстоны делегаци фыццаг хатт куы æрцыд, уæд рабæрæг, кæй дзы ис прблемæтæ протезтимæ. Уый базонгæйæ, Абхазы вице-президент Виталий Габния аскъуыддзаг кодта, иууыл къаддæрæй сын æрдæг аз иухатт кæй æххуыс кæндзæн.

Агрба куыд банысан кодта, афтæмæй æнæмæнгхъæуæг ортопедикон æххуыс баконд æрцæудзæн дæс хуссарирыстойнаг ампутанттæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0