Фыдохы митингӕй ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

© Пресс-служба президента и правительства РЮОФыдохы митингӕй ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Фыдохы митингӕй ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны мысынц Ереды трагедийы 12 амæттаджы рухс нæмттæ, кæцытæ 25 азы размæ райстой хъизæмар мæлæт гуырдзиаг фашистты къухтæй. Фыдохы мадзæлттæ ацыдысты Цхинвал ӕмӕ Згъудеры уӕлмӕрды, цыран ныгæд сты трагедийы амæттæгты мӕрдон буӕрттæ.

ЦХИНВАЛ, 18 мар — Sputnik, Хъотайты Мария. Хуссар Ирыстоны майрӕмбоны уагъд ӕрцыдысты Ереды трагедийы амæттæгты мысӕн мадзӕлттӕ.

1991 азы 18 марты Ереды хъæуы цур гуырдзиаг хотыхджын ӕфсӕддонтӕ рахизын кодтой Дменисæй Цхинвалмæ цæуæг автобусæй 25 ироны. Сылгоймæгтæ æмæ сывæллæтты фæнадтой, стæй сæ ауагътой. 12 ирон нӕлгоймаджы та бирӕ фыдмиты фӕстӕ удæгасæй баныгæдтой. Бирӕ ӕзты дӕргъы уыдон нымад цыдысты ӕбӕрӕгӕй сӕфтыл. Сæ ингæны бынат сын ссардтой æрмæстдæр дыууæ азы фæстæ.

Ереды трагедийы амӕттӕгты мысынц Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Ереды трагедийы амӕттӕгты мысынц Цхинвалы

Республикæйы президент Тыбылты Леонид майрæмбоны фембæлд Ереды амæттæгты бинонтимæ. Уыдон фæмардуæвджыты бинонты æмæ æбæрæгæй сæфт æмбæстæгты комитеты сæргълæууæг Тедеты Зӕринæимæ ӕрымысыдысты ацы трагикъон бон. Амæттæгты ныййарджытæ, сывæллæттæ æмæ æфсымæрты цæссыгтæ уыдысты ууыл дзурæг, 25 азы мидæг уыдонæн кæй нæ байгас сты сæ уды хъæдгæмттæ.

Республикæйы сæргълæууæг банысан кодта, ацы трагеди кæй у ирон адæмы иумӕйаг рис, кæцы никуы ферох уыдзæн.
Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, президенты фондæй рахицæн æрцæудзысты æхцайы фæрæзтæ Ереды амæттæгты цыртдзæвæн сцалцæг кæнынæн. Уымæй дарддæр ма президент бахæс кодта вице-премьер Пухаты Эрикæн, цæмæй æркæсой Ереды амæттæгтæй дыууæйы бинонты цæрæнуатон уавæртæм.

Хицауады номæй фæмардуæвджыты бинонтæн бакодтой зæрдылдарæн лæвæрттæ. Уымæй дарддæр ма амæттæгты бинонтæн рахицæн кæндзысты балцæгтæ республикон хосгæнæндон "Нагутни"-мæ.

Фыдохы мадзæлттæ адарддæр сты траурон митингæй Згъудеры уӕлмӕрды, цыран ныгæд æрцыдысты трагедийы амæттæгты мӕрдон буӕрттæ.
Амæттæгтæй иууыл кæстæр — Тъехты Черменыл цыд 17 азы.

© РХИ президент ӕмӕ хицауады пресс-службӕ Фыдохы митингӕй ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ
Фыдохы митингӕй ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Фыдохы митингӕй ссардтой Ереды трагедийы амӕттӕгты рухс нӕмттӕ

Гуырдзиаг националистты къухæй 12 ирон æмбæстаджы амарыны фæдыл уголовон хъуыддаг фыццаг хатт баконд æрцыд 1991 азы 24 апрелы. Æмбырд æрцыдысты слестгæнæн хъуыддæгты томтæ.

2011 азы 18 ноябры Хуссар Ирыстоны генералон прокуратурæ ногæй бакодта уголовон хъуыддаг УФ уголовон кодексы 357 статьямæ гæсгæ (геноцид). Агуырдмæ лæвæрд æрцыдысты Гуырдзыстоны æмбæстæгтæй æртæйæ: Гурген Кристисеашвили (1943), Шота Кристесиашвили (1948), Гия Кристесиашвили (1969).

"Æвдисæндарты, хиуæтты ныхæстæм æмæ æрæмбырдгонд информацимæ гæсгæ, ацы æртæ гуырдзиаг æмбæстаджы уыдысты, ирон лӕппуты хъизæмарæй чи мардта, фыдмитæ сын чи кодта æмæ сӕ чи амардта, уыдон нымæцы. Æртæйы дæр фæсаууонмæ азым кæнынц амарыны хъуыддаджы", — загътой Sputnik республикæйы генералон прокуратурæйы.

Ныртæккæ уголовон хъуыддаг æрурæдтой, азымджынты бынат бæлвырд кæй нæу, уый аххосæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0