Андрей Стенины номыл фотоконкурс кæронмæ ахæццæ кодта куыстыты райст

© Sputnik / Илья Питалев /  Ахизын медиабанкмæАндрей Стенины къамты экспозици
Андрей Стенины къамты экспозици - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Конкурс æрæмбырд кодта дунейы 71 бæстæйы æрыгон фотожурналистты 6000 куысты, уый нымæцы Уæрæсейæ дæр.

ЦХИНВАЛ, 23 марта — Sputnik. Андрей Стенины номыл фотожурналитикæйы æхсæнадæмон конкурс, кæцы уадзы ӔИА "Россия сегодня" ЮНЕСКО-йы хъуыддæгты фæдыл УФ-йы къамисы эгидæйы бын, æрæмбырд кодта дунейы 71 бæстæйы æрыгон фотожурналистты 6000 куысты, уый нымæцы Уæрæсейæ дæр.

Кӕронмӕ фӕхӕццӕ кӕны Андрей Стенины номыл фотоконкурс

Конкурсы æхсæнадæмон географи айтынг фондз континентыл дæр, уый нымæцы Европæйы, Цæгат æмæ Хуссар Америкæйы, Африкæ, Æввахс Скæсæн, Австрали, Инди æмæ Хуссар-Скæсæн Азийы бæстæтæ, хъусын кæны ӔИА "Россия сегодня"-йы пресс-службæ.

Уæрæсейаг географи æвдыст у æппæт бæстæйæ — Калининград, Мæскуы æмæ Санкт-Петербургæй Владивосток æмæ Ялтæйы онг. Иууыл фылдæр куырдиæттæ лæвæрд æрцыдысты номинацитæ "Мæ бæстæ", "Портрет. Нæ дуджы хъайтар" æмæ "Дунейы хуызтæ. Царды гармони". Уæлахиздзауты нæмттæ раргом уыдзысты 2016 азы августы.

"Ацы аз мах сæвæрдтам рекорд æхсæнадæмон хайадисджыты географийы — конкурсы хайад райстой къамисджытæ фондз континентæй дæр. Уый дзурæг у ууыл, æмæ конкурс популярон кæй у уæрæсейаг æмæ æхсæнадæмон фотоæхсæнады, кæцы æргом кæны ног нæмттæ. Мах бузныг зæгъæм, сæ куыстытæ чи бавдыста, уыдонæн æмæ сын нæ зæрдæ зæгъы æнтыстытæ", — дзуры ӔИА "Россия сегодня"-йы фотоинформацийы баиугонд дирекцийы сæргълæууæг Александр Штоль.

Конкурсмæ куыстытæ ист цæуынц фондз номинацийы: "Мæ бæстæ", "Дунейы хуызтæ. Царды гармони", "Портрет. Нæ дуджы хъайтар", "Сæйраг хабæрттæ" æмæ "Спорт". Хъæлæсдæттынады фæстиуджытæм гæсгæ, жюри алы номинацийы дæр сбæлвырд кӕдзæн æртæ призон бынаты, афтæ ма лæвæрд æрцæудзæн сæрмагонд хорзæх "Гран-при". "Гран-при" уыдзæн 500 мин сомы æмæ лæвæрд æрцæудзæн иууыл ирддæр æмæ цымидисондæр куыстæн.

Андрей Стенины номыл фотожурналитикæйы æхсæнадæмон конкурсы нысан у æвзонг къамисджытæн феххуыс кæнын æмæ нырыккон фотожурналистикæйы хæслæвæрдтæм æхсæнадон хъусдард аздахын.

Ног хабӕртты лентӕ
0