Цæгат Ирыстоны разы не сты "Зеленый патруль"-ы экорейтингимæ

© Sputnik / Михаил ГассиевДзæуджыхъæу
Дзæуджыхъæу - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
РЦИ-Аланийы æрдзы министрады фехъусын кодтой, республикæйы иу æрдзхъахъхъæнæн ведомство дæр кæй нæ райста официалон курдиат "Зеленый патруль"-æй.

ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны æрдзы министрад нæ нымайы объективоныл æхсæнадон организаци "Зеленый патруль"-ы экорейтинг, кæцымæ гæсгæ республикæйы экологион уавæр нымад æрцыд уæрæсейаг регионты æхсæн иууыл æвзæрдæртæй сæ иуыл.

Æрдзы уавæрмæ гæсгæ, Цæгат Ирыстон ацы рейтингы ис 83-æм бынаты. Уыимæ иумæ республикæйы æрдзхъахъхъæнæн ведомствотæй иу дæр нæ райста официалон курдиат информаци райсыны тыххæй, кæцытæ "Зеленый патруль" барвиты бæстæйы алы субъектмæ дæр.

"Зеленый патруль"-ы экологион рейтинг у арæзт алыгъузон информацион æрмæджыты, уый нымæцы массон информацийы фæрæзты, æхсæнадон æмæ экспертон организациты, хæдзариуæггæнæг субъекттæ æмæ æмбæстæгты алыгъуызон инициативон къордты информацийы бындурыл. Экологты нымадмæ гæсгæ, рейтинг аразыны ахæм методологи нæ дæтты фадат регионы экологион уавæры æмвæзадæн реалонæй саргъ кæнын",- загътой æрдзхъахъхъæныны министрады.

Завод Электроцинк Цæгат Ирыстоны - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цæгат Ирыстон ис Уӕрӕсейы регионты экорейтингы кæрон

Ведомствойы бæлвырдгæнæнтæм гæсгæ, Цæгат Ирыстон ахсы раззагон бынат иууыл хъахъхъæнгæдæр æрдзон территорийы райрæзты фæдыл. Уымæй дарддæр ма, республикæйы ис цыппар уæлдæр ахуыргæнæндоны, кæцыты ис экологион факультеттæ, ис уникалон экологион музей. Специализацигонд экологион лабораторий цы регулярон мониторингтæ уадзы, уыдон фæстиуджытæм гæсгæ бæрæг фæхуыздæр Дзæуджыхъæуы уæлдæфы гъæд дæр.

Ног хабӕртты лентӕ
0