ЦХИНВАЛ, 23 мар — Sputnik. Президент Тыбылты Леонид æрсидт Хуссар Иры адæммæ, цæмæй ма руадзой хъаугъа æхсæнады. Хуссар Ирыстоны президенты сидт апарахатгонд æрцыд массон информацийы фæрæзты, гуырдзиаг ансамблтæ "Рустави" æмæ "Бани"-йы гастролты тыххæй Дзæуджыхъæуы.
"Цæгат æмæ Хуссары ирон æхсæнад адих ацы фарсты ныхмæлæуджытыл æмæ фарсхæцджытыл, бонæй бонмæ фылдæр кæнынц ацы дискуссийы хайадисджытæ — хицæн политикон æмæ æхсæнадон архайджытæ, социалон хызæгтæй пайдагæнджытæ. Иууыл æвзæр та дзы уый у, æмæ ацы ныхмæлæуды дыууæ фарсы æрдыгæй дæр хайадисджытæ кæй сты Райгуырæн бæстæ, истори æмæ традицитæ уарзæг ирæттæ",- банысан кодта Тыбылты Леонид.
Уый бафтыдта, дарддæры эсколацимæ тенденци мæты кæй æфтауы республикæйы къухдариуæгады æмæ уый, куыд бæстæйы президенты.
Тыбылты Леонид банысан кодта, кæй нæ хъæуы руадзын æмæ исчи манипуляци кæна адæмæй. Фæхыл кæна æфсымæрты æмæ хала бинонты, кæцыйыл нымад у Ирыстон.
"Дыууæ æфсымæры фæхылæй рамбулы чидæр æртыккаг. Æмæ ацы æртыккаг чифæнды ма уа, уый нæ фæнды, цæмæй ирæттæ сæхи хатой иу адæмыл, иу истори, культурæ æмæ иумæйаг фидæнимæ",- банысан кодта республикæйы сæргълæууæг.
Уый ма банысан кодта, кæй æмбары дыууæ ирон республикæты цæрджыты хайы æнæразыдзинад. Тыбылты Леонид зæрдыл æрлæууын кодта. Гуырдзыстон 2008 азы кæй расидт æххæстмасштабон хæст, кæцы ахаста бирæ адæмы цард æмæ Хуссар Ирыстон фестын кодта пырхæнтæ. XX —æм æнусы райдиан æмæ кæроны Гуырдзыстоны архæйдтытæ Хуссар Ирыстоны ныхмæ геноцидæй дарддæр ницы ис схонæн",- загъта президент.
"Æмæ ныры онг, гуырдзыстойнаг къухдариуæггæнджытæй, политиктæй, æхсæнадон æмæ культурæйы архайджытæй иу дæр уый тыххæй хатыртæ нæ ракуырдта. Иу дæр нæ фæфæсмон кодта æмæ ничи дæтты Хуссар Ирыстонæн тыхæй ма спайда кæныны фæдыл гаранти. Гаранти, ацы цаутæ кæй нал æрцæудзысты фæлхаттгонд",- загъта президент.
Уый бамбарын кодта, ацы аххосагмæ гæсгæ "гуырдзиаг темæ" хуссарирыстойнаг æхсæнады кæй у тынг риссаг æмæ ахадæн, æмæ уый фæдыл цыфæнды æнæрхъуыды ныхæстæ расайынц мæстыйы æнкъарæнты гуылфæнтæ.
Президент бахахх кодта, кæй йæ уырны æмæ цæгаттаг æфсымæрты æрдзон уæздандзинад фадат кæй ратдзæн хуссайраг ирæтты реакци бамбарын. Цыфæнды хуызы кæй нæ хъæуы æруадзын ирон адæмы æхсæн хъаугъа æмæ æрсидт йе мзæххонтæм, цæмæй равдисой фæразондзинад æмæ ма бакомой сæ эмоциты фæдыл цæуын.