Гуырдзыстон та йæхи аиуварс кодта тыхæй ма спайда кæныны документыл бадзурынӕй

© Sputnik / Рунов /  Ахизын медиабанкмæУФ фæсарӕйнаг хъуыддæгты министрад
УФ фæсарӕйнаг хъуыддæгты министрад - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Женевæй фембæлды Абхаз, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ равдыстой катай Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы æфсæддон æмгуыстады фæтыхджындæры, афтæ ма Гуырдзыстоны территорийыл ИП-æн террористты кæй цæттæ кæнынц, уыцы информацийы фæдыл.

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Абхаз, Уæрæсе æмæ Хуссар Ирыстоны минæвæрттæ равдыстой катай Гуырдзыстон æмæ НАТО-йы фæтыхджындæргонд æфсæддон æмгуыстады фæдыл.

22-23 марты Женевæйы уагъд æрцыд Фæскавказы æдасдзинады фæдыл æхсæнадæмон дискусситы радон раунд. Фембæлды архайджытæ æрдзырдтой кавказаг регионы уавæрыл, афтæ ма æндæр гуманитарон фарстытыл.

"Гуырдзыстоны претензитæ Абхаз æмæ Хуссар Ирыстоны территоритæм, гуырдзиаг æфсады бабырстон потенциалы фæтыхджындæр æмæ Гуырдзыстон-НАТО-йы иумæйаг æфсæддон ахуырты фæфылдæргонд нымæц Сухум æмæ Хуссар Ирыстоны æфтауынц мæты, халынц Фæскавазы стабилондзинад бахъахъхъæныны фæдыл архæйдтытæ", — нымайынц уæрæсейаг æддагполитикон ведомствӕйы.

Женевæйы фембæлды рæстæджы хуссарирыстойнаг фарс равдыста катай Гуырдзыстоны, Панкиссы комы территорийыл ИП-йæн террористты кæй цæттæ кæнынц, уыцы информацийы фæдыл.

Джиоты Мурæт - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Мурæт: женеваг дискусситы сæйраг нысанӕй баззад тыхæй ма спайда кæныны гаранти

УФ фæсарӕйнаг хъуыддæгты министрады банысан кодтой, тыхæй ма спайда кæныны темæйыл тæрхоны рæстæджы хайадисджытæн сæ фылдæр разыдзинад кæй равдыстой ацы фарсты фæдыл иумæйаг уынаффæ райсыны тыххæй.

"Фæлæ та гырдзыстойнаг минæвæрттæ ногæй сæхи аиуварс кодтой ацы документ æрæмдзых кæнынæй", — банысан кодтой уагдоны.

Министрады фембæлд иумæйагæй схуыдтой конструктивон, банысан кодтой, регионы уавæр кæй у сабыр æмæ стабилон. Банысан ма æрцыд, Сухум, Тбилис æмæ Цхинвалы æхсæн æмгуыстады ахсджиаг æвдисæн кæй ссис 10 марты ахæстæтты æртæварсон баивд.

Фембæлды хайадисджытæ ма банысан кодтой, арæнгæрон зонæты кæй фæкъаддæр уголовон фыдракæндты нымæц æмæ дзы не ‘рцыд серьезон инциденттæ.

Женевæйы радон фембæлд уагъд æрцæудзæн июны æмбисы.

Ног хабӕртты лентӕ
0