ФХМ æвæрццаг аргъ скодта Сырх дзуары архайдæн Хуссар Иры

© Пресс-служба МИД РЮО Цхуырбаты Хазбулат фембæлд республикæйы СДÆК-ы минæварады сæргълæууæг Нальан Антменимӕ
Цхуырбаты Хазбулат фембæлд республикæйы СДÆК-ы минæварады сæргълæууæг Нальан Антменимӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны уæвæг Сырх Дзуары ӕхсӕнадӕмон комитеты куысты фæдыл æрдзырдтой республикæйы дипломатон ведомствӕйы æмæ комитеты минæварады сæргълæуджытӕ.

ЦХИНВАЛ, 24 мар — Sputnik. Хуссар Ирыстоны фæсарæйнаг хъуыддæгты министрад æвæрццаг аргъ кæны Сырх Дзуары Æхсæнадæмон комитеты (СДÆК) гуманитарон архайдæн республикæйы, хъусын кæны дипведомствӕйы пресс-службæ.

Фæсарæйнаг хъуыддæгты министр Цхуырбаты Хазбулат фембæлд республикæйы СДÆК-ы минæварады сæргълæууæг Нальан Антменимӕ.

Цхинвалы фӕстаг дзуттаг Джинджихашвили Рибка - Sputnik Хуссар Ирыстон
Цхинвалы фӕстаг дзуттаг Джинджихашвили Рибка ис Сырх дзуары иудадзыг хъусдарды бын

"Фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министр иумæйагæй æвæрццаг аргъ кæны Сырх Дзуары Æхсæнадæмон комитеты гуманитарон архайдæн ацæугæ азы æмæ йын банысан кодта йæ нысаниуæг", — банысан кодтой ФХМ-ы.

Ведомствӕйы минæвар ма фехъусын кодта, фембæлды рæстæджы кӕй уыд конструктивон ныхас Сырх Дзуары Æхсæнадæмон комитеты гуманитарон архайды фæдыл республикæйы территорийыл. Уый нымæцы, йæ мандатмæ гæсгæ цы гуманитарон программæтæ æххæст кæны, уыдоныл.

Антмен министрæн æрдзырдта, цы проекттæ æххæст кæнынц ныридæгæн æмæ ма организаци Хуссар Ирыстоны æввахс период цы хъуымæ сараза, уыдӕттыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0