Сырх дзуар æххуыс кæны фос дарыны æмæ зайæгойты куыстгæнджытæн

© Пресс-служба МКККСырх дзуар æххуыс кæны фос дарыны æмæ зайæгойты куыстгæнджытæн
Сырх дзуар æххуыс кæны фос дарыны æмæ зайæгойты куыстгæнджытæн - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Сырх дзуары ӕхсӕнадӕмон комитет балæвар кодта хъæуы цæрджытæн ветеринарон комплекттæ, цыран ис хардзон æрмæджытæ, кусæнгæрзтæ æмæ методикон литературæ.

ЦХИНВАЛ, 25 мар — Sputnik. Сырх дзуары ӕхсæнадæмон комитеты (СДÆК) кусджытæ радон æххуыс бакодтой республикæйы районты ветеринартæ æмæ фермертæн, фехъусын кодта Sputnik СДÆК-ы минӕвар Тедеты Маринæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, хъæуты цы агротехникæ ис, уымæ СДÆК бафтауæн кодта уæлæмхас ифтонггарз, хъæууонхæдзарадон куыстыты ахадындзинад фæбæрзонддæр кæныны нысанæн. Уымæй дарддæр ма, ветеринартæ æмæ фос дарыны куыстгæнджытæн балæвар кодта ветеринарон комплекттæ, цыран ис хардзон æрмæджытæ, кусæнгæрзтæ æмæ методикон литературæ.

"Ацы ифтонггарз фæахъаз уыдзæн хъæууон хæдзарады кондад æмæ гъæд фæбæрзонддæр кæнынæн. Зæгъæм, нæ миссы ныридæгæн Знауыры районæн фæхæццæ кодта пресс-подборщик, æввахс рæстæджы та хъæууон хæдзарадон машинæтæ райсдзысты Дзауы, Цхинвалы æмæ Ленингоры районтæм, уый нымæцы къартъоф хъомылгæнæн машинæтæ", — загъта Тедеты Маринæ.

Ленингоры районæн та, банысан кодта уый, ветеринары бындурон комплекттæй дарддæр лæвар æрцыд дыууӕ акушерон комплекты.

ФХМ æвæрццаг аргъ скодта Сырх дзуары архайдæн Хуссар Иры

"Иннæ районтæн дæр сæ ифтонггарз фæхæццæ кæндзыстæм ацы къуыри. Ахæм æххуыс ма СДÆК-ы кусджытæ бакодтой 2014 азы — быдырон кустытæ æмæ тыллæг æфснайыны тыххæй техникæйæ сифтонг кæнгæйæ. Хъæууон хæдзарадзы министрады къухдариуæгад æмæ хъæуты цæрджытимæ фембæлды фæстиуджытæм гæсгæ та аскъуыддзаг кодтам ацы аз дæр ахæм æххуыс бакæнын", — бафтыдта йӕ ныхӕстӕм Тедеты Маринӕ.

Афтӕ ма хъæууон хæдзарады къабазæн феххуысы æмæ фæбæрзонддæр кæныны нысанæн, СДÆК аскъуыддзаг кодта ногæй баххуыс кæнын Хуссар Ирыстоны ветеринартæн. Раздæры æххуысы фæдыл æвæрццаг аргъ райсгæйæ, СДÆК рахаста фæндон ацы аз дæр республикæйы аграрон къабазæн фæлхаттон æххуыс бакæнын.

Ног хабӕртты лентӕ
0