Тыбылты Леонид æмæ Алайнаг епархийы сæргълæууæг æрдзырдтой аргъуаны арæзтадыл

© Sputnik / Ада БагианФырсыгъдӕг Мадымайрӕмы аргъуан Цхинвалы
Фырсыгъдӕг Мадымайрӕмы аргъуан Цхинвалы - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Ацы аз республикæйы Ленингоры районы райдайдзæн ног аргъуаны арæзтад.

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Президент Тыбылты Леонид фембæлд Алайнаг епархийы динамонæг, фыд Иаковимæ. Фембæлды рæстæджы дзырд цыд ахæм фарстытыл, куыд Алайнаг епархийы архайд, Хуссар Ирыстоны ног аргъуанты арæзтад, рагон кувӕндӕтты реконструкци, хъусын кæны президенты пресс-службæ.

Фыд Иаков раарфæ кодта президентæн йæ райгуырæн боны цытæн. Балæвар ын кодта Сыгъдæг Георгийы æфсæддон уарт.

Сыгъдæг Георгийы хуызистимæ згъæрæхца - Sputnik Хуссар Ирыстон
Хуссар Иры фæзындысты зæрдылдарæн згъæрæхцатæ аргъуанты хуызистытимæ

"Ирон адæм кæддæриддæр уыдысты рæстдинон æмæ сæ уырныдта сыгъдæг зӕдты тых, кæцытæ сæ хъахъхъæдтой æнусты дæргъы", — загъта динамонæг.

Уый бузныг загъта президентæн дзуары проблемæтæм йæ æппынæдзух хъусдарды тыххæй. Йæ ныхæстæм гæсгæ, аргъуанты арæзтад æмæ реконструкциимæ баст бирæ фарстытæ скъуыддзаг цыдысты бæстæйы сæргълæууæджы хайадистæй.

"Тынг ахсджиаг у, æмбæстагадон æмæ динон дунетӕ цæттæ кæй сты иумæ скъуыддзаг кæнын йæ адæмы проблемæтæ", — загъта фыд Иаков.

Знауыры районы Майрӕмкуадзӕны бон бакодтой ног арӕзт аргъуан

Фыд Иаков æмæ Тыбылты Леонид ма æрдзырдтой Ленингоры районы ног аргъуаны арæзтадыл, цыран ацы аз майы хъуамæ бавæрд æрцæуа фыццаг дур.

"Аргъуаны арæзтад у ахсджиаг цау. Районы хъуамæ уагъд цæуой службæтæ. Адæмæн хъуамæ уа ахæм бынат, цыран уыдонæн фадат уыдзæн райсын монон æнцойад", — загъта президент.

Фыд Иаков ма бæстæйы сæргълæууæгæн загъта бузныг бакæнгæ финансон æххуысы тыххæй. Президенты æнхъарæнмæ гæсгæ, республикӕйы рӕсугъддӕр ӕмӕ рагондӕр ӕртӕ аргъуаны къамтимæ згæрæхцайæ цы фӕрӕзтӕ райсой, уымæн йæ иу хай рахицæн æрцæудзæн Алайнаг епархийæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0