Ӕрмдӕсны Дженни: дыккаг хатт куы райгуырин, уӕддӕр равзарин хъӕдӕрмӕджы куыст

© Sputnik / Плиты ФатимаӔрмдӕсны Коцты Дженни
Ӕрмдӕсны Коцты Дженни - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дженни хъӕдӕрмӕгимӕ кусы дӕс азӕй фылдӕр, ацы рӕстӕг ын бантыст мингай куыстытӕ сцӕттӕ кӕнын. Йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй ма дыккаг хатт куы райгуырид, уӕддӕр равзарид ацы дӕсныйад.

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik, Плиты Фатимӕ. Коцты Елизаветайӕн (Дженни) йӕ ном рагӕй айхъуыст Цхинвалы, куыд хъӕдӕрмӕгимӕ куысты иттӕг хорз дӕсны, афтӕ. Уый хъӕдӕрмӕгимӕ кусы дӕс азӕй фылдӕр, ацы рӕстӕг ын бантыст мингай куыстытӕ сцӕттӕ кӕнын. Йӕ сахаттӕ, лагъзытӕ, хӕдзарон мигӕнӕнтӕ, айдӕнтӕ, стъолтӕ ӕмӕ хъӕдӕрмӕгыл конд нывтӕ ахӕццӕ сты дард фӕсарӕнтӕм, суанг Африкӕйы онг дӕр.

Дженни, афтӕ йӕ хоныц йе ‘ввахс адӕм ӕмӕ хӕлӕрттӕ, кусы Цхинвалы 12-ӕм астӕуккаг скъолайы ахуыргӕнӕгӕй, стӕй ма къухдариуӕгад дӕтты хъӕдӕрмӕгимӕ куысты кружокӕн.

Скъолайы фӕстӕ уый сфӕнд кодта йӕ цард нывкӕнынадимӕ сбӕттын. Бацыд Цхинвалы нывгӕнӕн ахуыргӕнӕндонмӕ.

"Дыууӕ азы дзы куы ацахуыр кодтон, уӕд мын фӕзынд сывӕллон, ахуырмӕ мӕ нал ӕвдӕлд ӕмӕ йӕ ныууагътон. Ахорӕнтӕй нывтӕ мын уыд бӕрцӕй дыууӕ-ӕртӕ. Уый фӕстӕ фӕцайдагъ дӕн нывгӕнджыты ӕрмадзмӕ, уым фыццаг хатт федтон Цхуырбаты Тамерланы конд хъӕдын куысси ӕмӕ уӕд бабӕллыдтӕн ацы куыст сахуыр кӕнынмӕ", — дзуры ӕрмдӕсны.

© Sputnik / Плиты ФатимаДженнийы куыстытӕ
Дженнийы куыстытӕ  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Дженнийы куыстытӕ

Ӕвзонг чызджы фыццаг ацы хъуыддагыл фӕцайдагъ кодта РХИ нывгӕнджыты цӕдисы сӕрдар Цхуырбаты Тамерлан, фӕлӕ йын ацы куыст биноныгӕй бацамыдта ӕрмдӕсны Козаты Ӕхсар, уый Дженни нымайы йӕ ахуыргӕнӕгыл. Нывкӕнынадмӕ ӕвзыгъд чызгӕн хъӕдӕрмӕгыл зынгӕй ныв кӕнын разынд ӕнцон.

"Ацы дӕсныйад, цӕмӕдӕр гӕсгӕ, нымад цӕуы нӕлгоймаджы куыстыл. Ӕхсармӕ куы бахатыдтӕн, цӕмӕй мӕ сахуыр кӕна, уӕд мыл фыццаг фӕхудт, фӕлӕ мын стӕй ацы дӕсныйадмӕ бакодта фӕндаг. Балӕвар мын кодта кусӕнгарз ӕмӕ дзы фыццаг сарӕзтон йӕ фыды сурӕт", — мысы йӕ фыццаг къахдзӕфтӕ уый.

Дженни йӕ куыстыты фылдӕр бӕрцӕй ныв кӕны хӕхбӕсты цард, мӕсгуытӕ, Рукъгом, Нарты кадджыты хъайтарты. Исы закъазтӕ дӕр. Горӕты цалдӕр дуканийы уӕй цӕуынц йӕ куыстытӕ.

"Ацы хъуыддаджы фыццаг къахдзӕфтӕ куы кодтон, уӕд ӕрцыд Ирыстоны цӕгат хайы бӕллӕх. Бесланы трагеди мӕм тынг арф бахъардта ӕмӕ хъӕдӕрмӕгӕй скъахтон хъынцъымгӕнӕг мады сурӕт", — радзырдта Дженни.

© Sputnik / Плиты ФатимаКоцты Дженнийы куыстытӕ
Коцты Дженнийы куыстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Дженнийы куыстытӕ

Ӕвзонг сылгоймагӕн йӕ куысты ис ӕнтыстытӕ — 2014 азы сфӕлдыстадон куыстыты дыккаг равдысты рамбылдта "Мастер года"-йы ном. Ис ын бирӕнымӕц грамотатӕ дӕр.

"Ӕз ацы куыстӕй цӕрын. Иу ныв ауӕй кодтон 35 мин сомыл, иу та ма мын ис ахӕм, кӕцы у 70 мины аргъ. Афтӕ ма хъӕдӕрмӕгыл скодтон Нарты хъайтарты сӕ фынджы уӕлхъус, ацы нывыл куыстон цалдӕр азы. Уӕлдай ӕхсызгон та мын уый у, ӕмӕ мӕ чысыл чызг Аннӕ дӕр кӕй цымыдис кӕны мӕ куыстмӕ ", — зӕгъы уый.

Дженни йӕхӕдӕг хорз цы дӕсныйад базыдта, уый ныр ӕнӕвгъауӕй амоны рӕзгӕ фӕлтӕртӕн. Йе ‘рмадз йемыдзаг у ӕрдӕгарӕзт ӕмӕ цӕттӕ сувениртӕй, къултӕ сфӕлыстой йӕхи ӕмӕ йӕ ахуыргӕнинӕгты куыстытӕй.

"Кружокы мӕм ис 50 сывӕллоны онг, бирӕты ма фӕнды, фӕлӕ сӕ иууыл айсын мӕ бон нӕу. Ам сӕхи къухӕй саразынц сӕ дадатӕн ӕмӕ нанатӕн лӕвӕрттӕ ӕмӕ сӕ цинӕн кӕрон нал вӕййы. Хаттӕй-хатт ныййарджыты дӕр ӕрфӕнды ацы куыст сахуыр кӕнын", — худгӕйы дзуры Дженни.

© Sputnik / Плиты ФатимаКоцты Дженни ӕмӕ йӕ куыстытӕ
Коцты Дженни ӕмӕ йӕ куыстытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Коцты Дженни ӕмӕ йӕ куыстытӕ

Ӕвзонг чызг йӕхӕдӕг куыд зӕгъы, афтӕмӕй ма дыккаг хатт куы райгуырид, уӕддӕр равзарид ацы дӕсныйад. Ныр та бӕллы сӕрмагонд равдыст саразынмӕ ӕмӕ йӕ иууыл аккагдӕр куыстытӕ йӕ ӕрмадзӕй ӕмӕ сӕрмагонд коллекцитӕй адӕмы размӕ рахӕссынмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0