Цæгат Ирыстоны амардтой дыууæ æфсымæры Хуссар Ирыстонæй

© Sputnik / Сергей Пятаков /  Ахизын медиабанкмæЦæгат Ирыстоны амардтой дыууæ æфсымæры Хуссар Ирыстонæй
Цæгат Ирыстоны амардтой дыууæ æфсымæры Хуссар Ирыстонæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Sputnik информацимæ гæсгæ фæмардуæвджытæ сты Хуссар Ирыстонæй ацæуджытӕ Годжысаты Сослан æмæ Руслан, кæцытæ фæстаг цалдæр азы цардысты Цæгат Иры.

ЦХИНВАЛ, 29 мар — Sputnik. Цæгат Ирыстоны слестгæнæн комитет бакодта уголовон хъуыддаг Горæтгæрон районы Октябыры хъæуы цæрæджы ныхмæ. Уымæ зæрдæ æхсайы дыууæ адæймаджы амарыны хъуыддаджы, хъусын кæны ведомствойы пресс-службæ.

Фæдагуырды версимæ гæсгæ, 28 марты 20.30 сахатыл Октябыры хъæуы иу хисæрмагонд хæдзары цур хылы рæстæджы азымгонд автоматон хæцæнгарзæй фехста 34 æмæ 37-аздзыд дыууæ æфсымæры, уый фæстæ йæхи бааууон кодта.

"Райсгæ цæфтæй æфсымæртæй иу фæмард бынаты. Иннæ æфсымæр цæфтæй йæхӕдӕг бацыд централон республикон рынчындонмæ, цыран амард", — дзырдæуы слестгæнæн комитеты хъусинаджы.

Слестгæнæн æмæ оперативон-агурæн мадзæлтты рæстæджы азымгонды æрцахстой. Фæдагурджытæ кусынц цауы уавæртæ сбæрæг кæныныл.
Sputnik фæмардуæвджыты хæстæджытæ куыд фехъусын кодтой, афтæмæй уыдон сты Хуссар Ирыстоны Знауыры районы Дидмухайы хъæуæй рацæуæггæгтæ Годжысаты Сослан æмæ Руслан, кæцытæ бирæ рæстӕг цардысты Цæгат Иры.

Æфсымæрты фехста Цæгат Ирыстоны цæрæг, 43-аздзыд Кæркуысты Яник — Хуссар Ирыстоны Дзауы районæй рацæуæггаг. Раздæр РХИ Генералон прокуратурæ йæ ныхмæ бакодта цалдæр уголовон хъуыддаджы, уый нымæцы "райгуырæн бæстæйыл гадзрахатæй рацыд", гуырдзыстойнаг сæрмагонд службæтимæ æмгуыстады тыххæй.

Ног хабӕртты лентӕ
0