ЦХИНВАЛ, 31 мар — Sputnik. Хуссарирыстойнаг оперон зарӕггӕнӕг Хӕбӕлаты Лали, кӕцы хайад иста вокалистты ӕхсӕнадӕмон конкурс "Янтарный соловей"-ы, нӕ ахызт дыккаг турмӕ, фехъусын кодта Sputnik зарӕггӕнӕг йӕхӕдӕг.
Зара Долухановайы номыл вокалистты æхсæнадæмон конкурс "Янтарный соловей" у иунæг уæрæсейаг конкурс, кæцыйы программæ иууылдæр конд у камерон вокалон репертуарæй, романстæ æмæ вокалон циклтæй.
Ӕвзонг зарӕггӕнӕг нӕ маст кӕны, кӕй нӕ бахӕццӕ финалы онг, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, ӕрмӕст конкурсы хайад кӕй райста, уый дӕр ын радта фӕлтӕрддзинад ӕмӕ фадат дарддӕр йӕ курдиат райхалынӕн.
"Уый тынг серьезон конкурс у, мӕ алыварс уыдысты бӕрзондквалификацион зарӕггӕнджытӕ, кӕцытӕ бирӕ рӕстӕг кусынц оперон театрты. Ӕз та нырма ахуыр кӕнын, ӕмӕ мын стыр пайда ӕрхаста, ӕцӕг профессионалтӕ куыд зарынц ӕмӕ кусынц, уый фенын", — загъта Лали.
Уый ма куыд радзырдта, афтӕмӕй конкурсы организатортӕ бафиппайдтой хуссарирыстойнаг зарӕггӕнӕджы сыгъдӕг хъӕлӕс — Лали сӕххӕст кодта Моцарт ӕмӕ Рахманиновы уацмыстӕ, афтӕ ма адӕмон зарджытӕ дӕр.
"Уый уыд мӕ фыццаг конкурс, бамбӕрстон ӕй, цы мӕ хъӕуы дарддӕр аразын, цӕмӕй схизон ног ӕмвӕзадмӕ ӕмӕ рамбулон. Разӕй нырма тынг бирӕ конкурстӕ ис ӕмӕ сӕм цӕттӕ кӕндзынӕн активонӕй", — банысан кодта зарӕггӕнӕг.
Хæбæлаты Лали у Æлборты Феликсы номыл Цхинвалы музыкалон ахуыргæнæндоны рауагъдон, ныртæккæ ахуыр кæны Гнесинты номыл Уæрæсейаг музыкалон академийы, курдиатджын зарæггæнæг, диссаджы сопранойы хицау.
Ацы аз конкурсмæ лæвæрд æрцыд курдиæтты рекордон нымæц — 175 адӕймаджы дунейы 14 бæстæйæ. Финалмæ ахизыныл æмæ лауреаты нæмттыл тох кæндзысты зарæггæнджытæ Абхаз, Сомихстон, Белорусси, Казахстан, АИШ, Хуссар Корея, Украинæ, Эстони, Литва, Латви æмæ Хуссар Ирыстонæй. Ацы аз конкурсы фыццаг хатт хайад райсдзысты зарæггæнджытæ Монголи æмæ Стыр Британийæ.