Тыбылты Леонид æмæ Алексей Миллер æрдзырдтой Хуссар Иры районты газификацийыл

© Пресс-служба президента РЮОТыбылты Леонид æмæ Алексей Миллер
Тыбылты Леонид æмæ Алексей Миллер - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Ирыстоны районты газификаци ратдзæн ног импульс адæмы хъæутæм раздахынæн, банысан кодта Тыбылты Леонид.

ЦХИНВАЛ, 1 апр — Sputnik. Хуссар Иры районон центртæ газæй сифтонг кæныны фадæттыл æрдзырдтой президент Тыбылты Леонид æмæ ПАО "Газпром"-ы правленийы сæргълæууæг Алексей Миллер, фехъусын кодта Sputnik Тыбылты Леониды пресс-секретарь Гана Яновская.

Кусæгон фембæлд уагъд æрцыд "Газпром"-ы централон офисы Мæскуыйы.

Путин: 2016 азы Хуссар Ир райсдзӕн ӕххуыс 8 миллиард сомы

"Фембæлды рæстæджы банысан æрцыд, раздæр"Газпром" цы генералон схемæ æрбавдыста, уый кæй фæахъаз уыдзæн республикæйы фæлхасгæнджыты æххæст бæрцæй магистралон газæй сифтонг кæнынӕн. Скъуыддзаг æрцыд лæмбынæг бакусын Хуссар Ирыстоны дарддæры газификацийы программæмæ хауæг фарстатыл, сæрмагондæй та республикæйы хъæутæ газæй сифтонг кæныны фарстыл", — загъта Яновская.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, фембæлды рæстæджы Тыбылты Леонид банысан кодта, ацы фарст кæй у ахсджиаг æмæ приоритетон здæхт Хуссар Ирæн.

"Бæстæйы къухдариуæгад æппæтдæр аразы æвзонг бæстæйы экономикæйы райрæзты иууыл ахсджиагдæр фарст аскъуыддзаг кæнынæн. Мах хъуамæ фæрогдæр кæнæм нæ республикæйы хъæуты цæрджыты цард, уый æнæмæнгæй ратдзæн ног импульс адæмы хъæутæм раздахынæн. Мах ма афтӕмӕй бахъахъхъæндзыстæм нæ æрдзы рæсугъддзинад дæр", — загъта Тыбылты Леонид.

Президент ма æрдзырдты оптоволоконон каналæй пайдакæныны фарстыл дæр, кæцы "Газпром" айгæрста республикæмæ, цæмæй Хуссар Ирыстоны скусой ног интернет-провайдертæ.

Тыбылты Леониды ныхæстæм гæсгæ, уый фæтыхджындæр кæндзæн интернет-бастдзинады хъомыс æмæ хуссарирыстойнаг интернет-къабазы сараздзæн стыр конкуренци.

2010 азы апрелы "Газпром" æмæ Хуссар Ирыстоны хицауад бафыстой æмгуыстады фæдыл бадзырд 2029 азы онг.
Æдæппæт 2009-2015 азты Хуссар Ирыстон ифтонг æрцыд 169,7 млн куб. м газæй, уый нымæцы 2015 азы — 34,1 млн куб. м.

Ног хабӕртты лентӕ
0