ЦХИНВАЛ, 1 апр- Sputnik. Хуссар Ирыстоны паддзахадон университеты арӕзт ӕрцыд "Къостайы клуб", йӕ бакӕныны цытджын церемони снывонд кодтой стыр ирон поэт ӕмӕ рухстауӕг Хетӕгкаты Къостайы амӕлӕтыл 110 азы сӕххӕсты бонӕн.
Ирон литературон ӕвзаджы бындурӕвӕрӕг, фыццаг ирон нывгӕнӕг, зынгӕ публицист, фыссӕг, поэт ӕмӕ ӕхсӕнадон архайӕг ахицӕн йӕ цардӕй 110 размӕ — 1 апрелы 1906 азы.
ХИПУ-йы ирон литературӕйы кафедрӕйы сӕргълӕууӕг, профессор Плиты Гацыр куыд радзырдта Sputnik, афтӕмӕй ныртӕккӕ Къостайы клубӕн фидар цӕуы йӕ уагӕвӕрд.
"Нӕ фӕндмӕ гӕсгӕ, клубы уӕнгтӕ хъуамӕ ӕмбырд кӕной къуыри иу хатт. Уынаффӕмӕ хӕсдзыстӕм ирон ӕвзаг ӕмӕ литературӕ, фольклор, этнографи, историйы ӕмӕ ӕндӕр къабӕзты актуалон фарстытӕ. Уый фӕахъаз уыдзӕн фӕсивӕдӕн ирон ӕвзаг ӕмӕ ӕгъдӕуттӕ арфдӕр базонынӕн", — радзырдта кафедрӕйы сӕргълӕууӕг.
Плиты Гацыр ма куыд банысан кодта, афтӕмӕй студенттӕ ӕмӕ лектортӕй дарддӕр клубы сӕрибарӕй архайыны бар ис ӕппӕт цӕрджытӕн дӕр, кӕцытӕ цымыдис кӕнынц ирзонынадмӕ.
"Къоста нӕ ныфсы лӕг уыд, уый банкъуысын кодта зӕрон уагӕвӕрд, уый уыд нӕ зондамонӕг. Мах ӕрывлаз дӕр нысан кӕнӕм йӕ райгуырӕн бон, фӕлӕ бӕрзонд ӕмвӕзадыл хъуамӕ цӕуой йӕ мысӕн бонтӕ дӕр", — загъта профессор.
Хетӕгкаты Къоста у иууыл зындгонддӕр ирон фыссӕг. Йӕ кад айхъуыст ӕрмӕст Ирыстон ӕмӕ Уӕрӕсейы къуымты нӕ, фӕлӕ ма дард фӕсарӕнты дӕр. Йе ‘мдзӕвгӕты ӕмбырдгонд "Ирон фӕндыр" тӕлмац ӕрцыд дунейы 60 ӕвзагмӕ. Йӕ поэмӕ "Фатимӕ" та ӕрцыд экранизаци 1958 азы.