Тыбылты Леонид нӕ иуварс кӕны 2017 азы ӕвзӕрстыты хайад райсыны фарст

© Sputnik / Алексей Никольский /  Ахизын медиабанкмæРХИ президент Тыбылты Леонид
РХИ президент Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид Хуссар Ирыстоны президентӕй слӕууыд 2012 азы. Радон президентон ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 2017 азы.

ЦХИНВАЛ, 1 апр- Sputnik. Хуссар Ирыстоны президент Тыбылты Леонид гӕнӕн ис ӕмӕ хайад райса 2017 азы президентон ӕвзӕрстыты, цӕмӕй ацӕуа дыккаг президентон ӕмгъуыдмӕ.

Паддзахадон сӕргълӕууӕг ис кусӕгон балцы Мӕскуыйы. Уыд ын фембӕлд Уӕрӕсейы президент Владимир Путинимӕ ӕмӕ "Газпром"-ы хистӕр Алексей Миллеримӕ.

Путин: 2016 азы Хуссар Ир райсдзӕн ӕххуыс 8 миллиард сомы

"Ӕз арӕх сдзуапп кӕнын ацы фарстӕн ӕмӕ алыхатт дӕр бафиппайын, нырма рӕстӕг бирӕ кӕй ис. Хъӕуы кусын ӕмӕ куыст равдисын", — загъта уый йӕ интервьюйы "Россия-24"-йӕн.

Президенты ныхӕстӕм гӕсгӕ, Конституци уымӕн бар дӕтты дыккаг ӕмгъуыдмӕ ацӕуынӕн.

"Рацух кӕнын нӕ хъӕуы, ацы фадатӕй ныры президент кӕй спайда кӕндзӕн, уый", — бафтыдта йӕ ныхӕстӕм уый.

Тыбылты Леонид Хуссар Ирыстоны президентӕй слӕууыд 2012 азы. Радон президентон ӕвзӕрстытӕ ацӕудзысты 2017 азы.

Паддзахады сӕргълӕууӕг ӕвзӕрст цӕуы 5 азы ӕмгъуыдмӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0