Хуссар Ир цæттæ у Хæххон Карабахæн æрмæстдæр политикон æххуыс бакæнын

© Sputnik /  Ахизын медиабанкмæХуссар Ирыстоны лæмбынæгæй сæ хъус дарынц Хæххон Карабахы уавæрмæ
Хуссар Ирыстоны лæмбынæгæй сæ хъус дарынц Хæххон Карабахы уавæрмæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Тыбылты Леонид фехъусын кодта, ацы этапыл æнæмæнгхъæуæгыл кæй нæ нымайы Хæххон Карабахæн æфсæддон æххуыс бакæнын, фæлæ республикæ цæттæ у хæларадон паддзахадæн политикон æххуыс бакæнын.

ЦХИНВАЛ, 4 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстон цæттæ у Хæххон Карабахæн æрмæстдæр политикон æххуыс бакæнын, фæлæ ацы этапыл æнæмæнгхъæуæгыл нæ нымайы Хæххон Карабахæн æфсæддон æххуысыл дзурын, загъта республикæйы президент Тыбылты Леонид къуырисӕры йӕ пресс-конференцийы рӕстӕджы.

"Æнæмæнгхъæуæг нæу конфликты физикон хайад исын, цæмæй ацы вазыгджын уавæрмæ æндæр тыхтæ дæр ма бафтауæм. Мах хъуамæ хъавгæйæ архайæм ахæм фарстыты", — загъта Тыбылты Леонид.

Президент  Тыбылты Леонид - Sputnik Хуссар Ирыстон
Президент радзырдта хъахъхъæнынады фæдыл УФ-имæ уæлæмхас бадзырдты реализацийы тыххæй

Йæ ныхæстæм гæсгæ, Хуссар Ирыстоны лæмбынæгæй сæ хъус дарынц Хæххон Карабахы уавæрмæ æмæ "нæ ныфс ис, конфликт æввахс рæстæджы кæй æрнымæг уыдзæн".

"Нæ зæрдæтæ риссынц не ‘мбæлтты тыххæй, нæ хъус дарæм уавæрмæ, ис ныфс æмæ дунейон æмбаладмæ кæй фехъуысдзысты дунейы бæстæты сæргълæуджыты фидиуæнтæ æмæ æрæвналдзæн конфликт æрбиноныг кæнынмӕ. Ацы механизм хъуамæ скуса æмæ конфликт ма айтынг уа", — банысан кодта Тыбылты Леонид.

Уый банысан кодта, Хуссар Ирыстон æмæ Хæххон Карабахы кæй иу кæнынц рагон хæларадон ахастытæ, республикæтæн ис æнæрлæугæ бастдзинад.

Ног хабӕртты лентӕ
0