ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Уæрæсейы президенты управленийы сæргълæууæг Олег Говорун загъта, кæй æвæры ныфс Хуссар Ирыстоны парламентæй, Хуссар Ирыстон æмæ Уæрæсейы æхсæн æмцæдисон бадзырд реализациимæ баст нормативон акттыл бакусыны фæдыл. Уый тыххæй Управленийы сæргълæууæг фехъусын кодта республикæйы парламенты спикер Бибылты Анатолиимæ йӕ фембæлды рæстæджы.
"Мах хъæуы стыр куыст бакæнын алы здæхтыты нормативон документтæ æмæ законыпроекттӕ сцӕттӕ кӕныны фæдыл. Нæ иумæйаг куысты фæлтæрддзинадæй, зæгъæн ис, æмæ ацы фарстытæ кæй цæудзысты скъуыддзаг оперативонæй æмæ мах сӕххӕст кӕндзыстæм нæ разы æвæрд хæстæ", — загъта Говорун.
Парламенты спикер равдыста цæттæдзинад алы фарсты дæр æмгуыстады тыххæй, уый нымæцы закъондæттæн къабазы архайады дæр.
"Мах бузныг стæм Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадæн закъондæттæн фарстыты æнгом æмгуыстады тыххæй. Махæн æхсызгон у дæу ногæй Хуссар Ирыстоны уынын, уый дзурæг у ууыл, æмæ Уæрæсейы къухдариуæгад лæмбынæг хъусдард кæй здахы нæ республикæмæ", — загъта Бибылты Анатолий.
Республикæ Хуссар Ирыстон, Республикæ Абхаз æмæ ХПÆ-ы бæстæ-хайадисджытимæ социалон-экономикон æмгуыстады фæдыл УФ президенты управленийы сæргълæууæг Олег Говорун дыууæбонон кусæгон визитимæ æрцыд Хуссар Ирыстонмæ. Дыццæджы уый фембæлд президент Тыбылты Леонидимæ æмæ бабæрæг кодта Хуссар Ирыстоны социалон-экономикон райрæзты фæдыл инвестпрограммæйы фæлгæтты цы объекттæ арæзт цæуынц, уыдон.