Ӕнӕвизӕйон режим сфидар кӕндзӕн Хуссар Ир ӕмӕ Абхазы ӕхсӕн ахастытӕ

© Sputnik / Ада БагианЦхинвал
Цхинвал - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Абхазы парламент ӕртыццӕджы сратификаци кодта Хуссар Иримӕ ӕнӕвизӕйон режимы фӕдыл бадзырд.

ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстон ӕмӕ Абхазы ӕхсӕн ӕнӕвизӕйон режимы фӕдыл бадзырд йӕ хайбавӕрд бахӕсдзӕн дыууӕ бӕстӕты ӕхсӕн хӕларадон ахастытӕ сфидар кӕныны ӕмӕ райрӕзты хъуыддагмӕ, банысан кодта РХИ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министры хӕдивӕг Коцты Алан, абхазаг парламент бадзырд кӕй сратификаци кодта, уымӕн комментаритӕ аразгӕйӕ.

Абхазы парламент ӕртыццӕджы сратификаци кодта Хуссар Иримӕ ӕнӕвизӕйон режимы фӕдыл бадзырд.

Абхазы парламент сратификаци кодта Хуссар Иримӕ ӕнӕвизӕйон режимы бадзырд

Коцты Алан зӕрдыл ӕрлӕууын кодта, РХИ ӕмӕ РА ӕхсӕн ӕнӕвизӕйон режим абон дӕр кӕй архайы, ӕрмӕст ма ацы хъуыддаг домы юридикон ӕгъдауӕй бафидар кӕнын. Фӕлӕ Абхаз бирӕ ӕндӕр бӕстӕтӕн визӕйон режим кӕй бакодта, уый хынцгӕйӕ, Хуссар Ирыстонимӕ ацы бадзырд у тынг афойнадон.

"Бадзырд пайда ӕрхӕсдзӕн дыууӕ бӕстӕйӕн дӕр, ахъаз уыдзӕн паддзахадон ахастыты райрӕзтӕн ӕмӕ хицӕн ӕмбӕстӕгтӕн та фенцондӕр кӕндзӕн сӕ балцытӕ", — банысан кодта министры хӕдивӕг.

Уый ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, зӕгъгӕ РХИ фӕсарӕйнаг хъуыддӕгты министрад бадзырд арвыста президенты администрацимӕ, уырдыгӕй та документ ӕрвыст ӕрцӕудзӕн парламентмӕ сратификаци кӕныны тыххӕй.

Ӕнӕвизӕйон режимы фӕдыл бадзырд фидар ӕрцыд фондз азы ӕмгъуыдмӕ стӕй йӕ адарддӕр кӕныны баримӕ.

Ног хабӕртты лентӕ
0