Æдасдзинады службӕ æрцахста Цæгат Ирыстоны хæцæнгарзӕй базаргæнджыты

© Sputnik / Андрей Стенин /  Ахизын медиабанкмæÆдасдзинады федералон службӕйы кусджытӕ
Æдасдзинады федералон службӕйы кусджытӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Æхгæд æрцыд фыдгæнджыты сусæг къорды архайд, кæцыйæн дæргъвæтин рæстæг уыд фидар бындуртæ хæцæнгарзы "сау базары", фехъусын кодтой ÆФС.

ЦХИНВАЛ, 6 апр — Sputnik. Цæгат Ирыстоны Æдасдзинады федералон службӕ (ÆФС) æмæ мидхъуыддæгты министрады кусджытæ æрурæдтой фыдгæнджыты организацигонд къорды архайд, кæцы æнæзакъононæй уæй кодта хæцæнгарз, фехъусын кодтой æртыццæджы Sputnik ÆФС-ы регионалон управленийы пресс-службæйы.

Управленийы информацимæ гæсгæ, сæрмагонд операцийы рæстæджы ахст æрцыд фараст адæймаджы скондæй фыдгæнон къорд, кæцыйæн дæргъвæтин рæстæг уыд фидар бындуртæ хæцæнгарзы "сау базары".

Цæгат Ирыстоны байстой 13 мин авджы контрафактон нозт

"Оперативон кусджытæ сбæрæг кодтой, къорды цалдæр хайадисæг кæй хъуамæ ауæй кæной радон хатт хæцæнгарз, цæй фæстиуæгæн скъуыддзаг æрцыд уыдон раргом кæнын фыдракæнды бынаты", — радзырдта ведомствӕйы минæвар.

Фыдгæнджытимæ "фембæлды" бынаты æлхæнæгимæ уыдысты ÆФС сæрмагонд къорды кусджытæ, кæцытæ æрхъула кодтой фыдгæнджытыл. Операци афтæ цырд ацыд, æмæ фыдгæнджытæн рæстæг дæр нæ уыд ныхмæ фæлæууынӕн.

Æдæппæт фыдгæнджытæй байст æрцыд 20 Калашниковы автомат æмæ 200-мæ æввахс хæстæрмæджытæ.

Фыдгæнджыты ныхмæ баконд æрцæудзæн уголовон хъуыддаг, æнхъæлмæ сæм кæсы авд азы онг ахæстоны баконд.

Ног хабӕртты лентӕ
0