Ацы Уæлахиз æрхаста… Тасойты Серафим

© Sputnik / Алексей КовалевПроект "Ацы Уæлахиз æрхаста… "
Проект Ацы Уæлахиз æрхаста…  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
9 майӕн нывонд Sputnik Хуссар Ирыстоны проекты фæлгæтты, Гæджиты Аидæ радзырдта Стыр Фыдыбæстæйон хæсты йæ хæстæджы хайадисты тыххæй.

ЦХИНВАЛ, 7 апр — Sputnik. Рæнхъон Тасойты Серафим Майоры фырт, æфсады йæ хæсад — æхсæг, уыд Гуырдзыстоны ССР-ы, Хуссар-Ирыстоны Автономон областы, Брилийы хъæуæй рацæугæ. Мæ нанайы ныхæстæм гæсгæ (уыд йе ввахс хæстæг), Серафим фронтмæ ацыд 27-аздзыдæй, 1942 азы 15 октябры. Фыстæджытæ дзы нал цыдысты иу азы фæстæ, 1943 азæй. Уæдæй фæстæмæ нымад цæуы æбæрæгæй фесæфæгыл.

Подготовка к открытию Петербургского экономического форума - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уæлахизы бонмæ Sputnik Хуссар Ирыстон расидт акци социалон хызæгты

Хъыгагæн, уымæй фылдæр ницы бæлвырдгæнæнтæ базыдтон, иунæг фыстæг дӕр дзы нæ баззад, иунæг къам дæр. Æрмæстдæр мæ нанайы мысæнтæ, уый дæр йæ ныййарджыты ныхæстæй.

Ацы хæсты хъайтартӕ сты, чидæриддæр фронтмæ ацыд, уыдон иууылдӕр. Æмæ кæд бирæты нæмттæ сты рох, уæддæр рох нæу адæмы хъæбатырдзинад, кæцытӕ удуæлдайæ цыдысты райгуырæн бæстæ бахъахъхъæнынмæ. Абон та æрлæууыд мах рад бузныг зæгъынӕн, ацы Уæлахиз чи æрхаста, уыдонæн.

Ног хабӕртты лентӕ
0