ЦХИНВАЛ, 12 апр — Sputnik. Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитет (СДÆК) расидт, Хуссар Ирыстоны социалон æгъдауæй мæгуыр цæрджыты проблемæтæм здæхт хуыздæр журналистон æрмæджы фæдыл конкурс, фехъусын кодта Sputnik проекты координатор Тедеты Маринæ.
"Проекты нысан у æхсæнады — хицауад, æмбæстагон æхсæнад, бизнесы хъусдард аздахын Хуссар Ирыстоны социалон æгъдауæй мæгуыр цæрджыты проблемæтæм, афтæ ма СДÆК-ы бакæнгæ æххуысы тыххæй корректон информаци парахат кæнын", — загъта Тедеты Маринæ.
СДÆК-ы минæвар ма бафиппайдта, "æрмæджы кæй хъуамæ уа хæлд, йæ физикон авналæнтæ къуындæг кæмæн сты, бирæсывæллонджын мæдты, сæ хиуæттæ кæй ныууагътой, уыцы иунæг ацæргæ æмæ æвæгæсæг адæмы проблемæты темæ, ацы категоритæн баххуыс кæныны нысанæн æхсæнады хъæппæристы дæнцæгтæ, кæнæ та СДÆК цы æххуыс кæны, уый".
Конкурс райдыдта 11 апрелы æмæ адарддæр уыдзæн ацы аз сентябры онг.