Рабæрæг 2008 азы æбæрæгæй фесæфæг хуссарирыстойнаг æмбæстаджы хъысмæт

© Пресс-служба МЧС РСО-АЦхинвал, Хъайтарты уынг, август 2008 азы.
Цхинвал, Хъайтарты уынг, август 2008 азы. - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
28-аздзыд Тедеты Маир фесæфт 2008 азы августы хæстон архæйдтыты рæстæджы. Йæ марды буар ссардæуыд Уæрæсейы, Гуырдзыстон æй радта, куыд уырыссаг тæхæджы буар.

ЦХИНВАЛ, 13 апр — Sputnik, Козаты Дианæ. Ссардæуыд 2008 азы æбæрæгæй фесæфæг хуссарирыстойнаг æмбæстаг Тедеты Маиры мӕрдон буар, уый æрцæудзæн лæвæрд йæ бинонтæн æмæ йын фæстаг хæрзбон зæгъдзысты 21 апрелы, фехъусын кодта Sputnik Маиры æфсымæр Махарбег.

Тедеты Маир æбæрæгæй фесæфт 2008 азы августы. Йæ хиуæттæ æмæ хæстæджытæ æрæджыйы онг ницы зыдтой йæ хъысмæты тыххæй. Йе ‘фсымæр Махарбеджы ныхæстæм гæсгæ, бинонтæ иу уысм дæр никуы сæфтой сæ ныфс Маиры тыххæй исты базонын.

Ацы аз февралы, æртæвæрсыг хуссарирыстойнаг-уæрæсейаг-гуырдзиаг координацион механизмы хайадисджыты радон фембæлды рæстæджы Эргнеты рабæрæг, Маир кæй ис ныгæд Мæздæджы.

"Ме ‘фсымæр фесæфт 2008 азы хæстон архæйдтыты рæстæджы 9 августы. Мах уыдыстæм иумæ, фӕлӕ карз æхст куы райдыдта, уæд кæрæдзийæ фæхицæн стæм. Уый фæцæф. Фæстæдæр ацы хъуыддæгтæ кæм цыдысты, уыцы район (12 скъолайы цур) бацахстой гуырдзиæгтæ. Чидæр федта, гуырдзиаг солдаттæ йæ куыд фæцæйластой. Уымæй дарддæр нын ницы бантыст базонын", — загъта Маирбег.

Джиоты Мурæт: Хуссар Иры ныфс ис ОБСЕ-йы эксперты куысты фæстиуджытæй - Sputnik Хуссар Ирыстон
Джиоты Мурæт: Хуссар Иры ныфс ис ОБСЕ-йы эксперты куысты фæстиуджытæй
Маирыл цыд 28 азы. Хæстæй цалдæр мæйы раздæр уый æрхаста бинонтæ, 17 августмæ снысан кодтой чындзæхсæв. Махарбег уæд цард Уæрæсейы æмæ развæлгъау æрцыд йе ‘фсымæры чындзæхсæвмæ. Фæлæ сын хæст сызмæзта сæ фӕндтӕ. 2009 азы Маирæн райгуырд лæппу Алан, кæцыйы уый никуы федта.

Ацы аст азы мидæг Маиры хъысмæты тыххæй ницы бæрæг уыд. Йе ‘фсымæры ныхæстæм гæсгæ, цыд алыгъуызон ныхæстæ, Маир кæм ис, уый тыххӕй, фæлæ дзы иу верси дæр нæ бафидар. Йæ бинонтæ нæ сæфтой сæ ныфс, удӕгас кæй у, ома чизоны бады гуырдзыстойнаг ахæстоны. Уыдон цалдæр хатт бахатыдысты Сырх Дзуары Æхсæнадæмон Комитетмæ дæр, фæлæ Гуырдзыстон цæхгæрæй дзырдта, "ахæм адæймаг сæм кæй нæй". Маиры агуырдтой алæвæрд "Жди меня"-йы руаджы дæр.

"Ничи уыд æнхъæл, ме ‘фсымæр Уæрæсейы кæй разындзæн. Февралы æртæвæрсыг фембæлды рæстæджы уæрæсейаг арæнхъахъхъæнджытæ æрбавдыстой къам æмæ фехъусын кодтой, кæй сæм æрбахауд 2008 азы 21 августы. Маиры буар аластой Мæздæгмæ, экспертизæ саразыны фæстæ йæ баныгæдтой уым. Цы уавæрты бахауд уырыссæгтæм, уый нæ зонæм", — загъта Махарбег.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, уый къамы нæ базыдта йе ‘фсымæры, æмæ цæмæй дызæрдыг мауал баззадаид, уый тыххæй ма сарæзтой иу анализ. ДНК-анализæн систой йæ авдаздзыд лæппуйы ДНК æрмæг. Экспертизæ сбæлвырд кодта, Мæздæджы æцæгæйдæр кæй ис ныгæд Маир.

Маиры мӕрдон буар кæй разынд, уый тыххæй фехъусын кодтой йæ цардæмбал Элинæйæн, фæлæ сывæллон нырма ницы зоны. Чысыл лӕппуйӕн дзырдтой, ома йæ фыд ис Гуырдзыстоны ахæстоны.

"Уый тынг æнхъæлмæ каст йæ фыдмæ, тынг æй фæндыд йæ фенын æмæ йын ахъæбыс кæнын", — дзуры Махарбег.

Ныртæккæ Хуссар Ирыстоны цæттæ кæнынц документтæ эксгумацийы æмæ Маиры буар йæ хæстæджытæн раттыны тыххæй.

"Эксгумаци уагъд æрцæудзæн 19 апрелы. Йе ‘нусон бынатмæ та йæ афæндараст кæндзыстӕм 21 апрелы", — загъта Махарбег.

Æбæрæгæй фесæфæг адæм агурыны æртæвæрсыг координацион механизм хæссы æрмæстдæр гуманитарон нысаниуæг. Женеваг дискусситы æмрæнхъ уый у ахæм фæзуат, цыран уынаффæ кæнынц, 90-æм азты райдайæнæй 2008 азы августы агрессийы онг æбæрæгæй цы адæм фесæфт, уыцы адæмы хъысмæт сбæрæг кæныныл.

Ног хабӕртты лентӕ
0