ЦХИНВАЛ, 14 апр — Sputnik. Уӕрӕсейӕн йӕ бон нӕу Хуссар Ирыстоны цӕрджыты фӕнды ныхмӕ рацӕуын, кӕцытӕ тырнынц УФ скондмӕ бацӕуыны тыххӕй референдум ауадзын, загъта президент Владимир Путин.
"Хуссар Ирыстоны къухдариуӕггӕнӕгимӕ мах ацы темӕйыл лӕмбынӕг не ‘рдзырдтам, уый мын уый мын раргом кодта йӕ ахаст ацы проблемӕмӕ. Йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, Хуссар Иры адӕмы фӕнды ахӕм референдум ауадзын ӕмӕ махӕн нӕ бон нӕу сӕ фӕндыл не сразы уӕвын", — загъта Путин журналисттӕн.
Фӕлӕ, йӕ ныхӕстӕм гӕсгӕ, нырма бӕрӕг нӕу, референдумӕн бындур цы ӕрӕвӕрдзӕн, фарстыты кӕронбӕттӕнон хуызы куыд ӕрцӕудзысты фидар.
"Уыдон куы аскъуыддзаг кӕнӕм, уӕд та дарддӕр ахъуыды кӕндзыстӕм", — загъта УФ президент.