Хуссар Ирыстоны фӕкъаддӕр уыдзӕн æртаджы аргъ

© Sputnik / Ада БагианӔртагкӕнӕн станц
Ӕртагкӕнӕн станц - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
"Югоосетнефтепродукт"-ы æртагкæнæн станцты дыууæ боны фæстæ АИ-92 маркæ бензины литры аргъ уыдзæн 32 сомы, дизелон æртаг та 30 сомы.

ЦХИНВАЛ, 18 апр — Sputnik. Хуссар Ирыстоны 20 апрелæй фæкъаддæр уыдзæн æртаджы аргъ, фехъусын кодта къуырисæры Sputnik РХИ экономикон райрæзты министр Зæгъойты Вильям.

"Президенты фæдзæхстмæ гæсгæ, экономикæйы министрад баныхас кодта компани "Роснефть"-имæ. Бадзырды рæстæджы аскъуыддзаг кодтой бензин æмæ дизелон æртаджы аргъ 1 сомы бæрц фæкъаддæр кæнын", — загъта зæгъойты Вильям.

Уый банысан кодта, "Югоосетнефтепродукт"-ы æртагкæнæн станцты дыууæ боны фæстæ АИ-92 маркæ бензины литры аргъ кæй уыдзæн 32 сомы, дизелон æртаг та 30 сомы.

УФ-йы 1 апрелæй фæуæлдæр уыдзысты бензин æмæ дизелон æртаджы акцизты хъалонисæн ставкæтæ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Уӕрӕсейы акцизты фæзынаргъдӕр нæ бандавдзæн бензины аргъыл Хуссар Иры

"Нæ республикæ нефтепродукттæй ифтонг кæны уæрæсейаг компани "Роснефть", уымæ гæсгæ фидарæй зæгъæн ис æртаджы гъæд хорз кæй у", — бафтыдта Зæгъойты Вильям.

Хъæутæн æвæрд æрцыд сæрмагонд аргъ, уымæ гæсгæ хъæутæн АИ-92 литр уæй кæндзысты 30,5 сомæй, дизелон æртаг та 29,5 сомæй.

"Ис зынвадат регионтæ, кæцытæ æнцон нæу æртагæй ифтонг кæнын, уымæ гæсгæ уыцы фæлхасгæнджытæн фæкъаддæр кодтам аргъ", — радзырдта Зæгъойты Вильям.

Уый банысан кодта, рæстæджы цыдимæ кæй ивдзæн æртаджы аргъ дæр, фæлæ уал æввахс мæй аргъ аивынæн ницы аххосæг ис.

Ног хабӕртты лентӕ
0