Куыстмызды минималон бӕрц УФ фыццӕгӕм июлӕй схидзӕн 7,5 мин соммӕ

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæКуыстмызды минималон бӕрц Уӕрӕсейы фыццӕгӕм июлӕй схидзӕн 7,5 мин соммӕ
Куыстмызды минималон бӕрц Уӕрӕсейы фыццӕгӕм июлӕй схидзӕн 7,5 мин соммӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
РХИ ӕмӕ УФ ‘хсӕн ӕмцӕдис ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырд йӕ тыхы куы бацӕуа, уӕд Хуссар Иры мыздтӕ дӕр хъуамӕ ӕрӕмных кӕной Цӕгат Кавказы регионты мыздтӕм.

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik. Уӕрӕсейы куыстмызды минималон бӕрц фыццӕгӕм июлӕй схиздзӕн 7,5 мин соммӕ, ӕмткӕй та 2020 азмӕ куыстмызд хъуамӕ ӕрӕмных кӕной фӕцӕрыны минимуммӕ.

РХИ ӕмӕ УФ ‘хсӕн ӕмцӕдис ӕмӕ интеграцийы фӕдыл бадзырд йӕ тыхы куы бацӕуа, уӕд Хуссар Иры мыздтӕ дӕр хъуамӕ саразой Цӕгат Кавказы регионты мыздты ӕмбӕрц. Ныртӕккӕ республикӕйы кӕцыдӕр фадгуыты куыстмызд у ӕрмӕстдӕр 5 мин сомы, фӕцӕрыны минимум та 2014 азы банымадмӕ гӕсгӕ ахызт 8 минӕй.

"Азы райдайӕнӕй минималон мызды бӕрц фӕфылдӕр ис 4%, фыццӕгӕм июлӕй та ноджы схиздзӕн 7,5 мин соммӕ, ома фӕфылдӕр уыдзӕн 20%. Ацы мадзӕлттӕ ист цӕуынц, цӕмӕй 2020 азмӕ ӕрӕмных уой минималон мызд ӕмӕ фӕцӕрыны минимум", — фехъусын кодта Уӕрӕсейы премьер-министр Дмитрий Медведев Паддзахадон думӕйы раз йӕ хыгъды рӕстӕджы.

2016 азы январӕй фӕстӕмӕ куыстмызды минималон бӕрц уыд 6,204 мин сомы.

Ног хабӕртты лентӕ
0