Гобозты Вячеслав: Анкара гуымирӕй халы дзыллон информацийы фӕрӕзты бартӕ

© Sputnik / Ада БагианХуссар Ирыстоны информацийы комитеты раздӕры сӕргълӕууӕг Гобозты Вячеслав
Хуссар Ирыстоны информацийы комитеты раздӕры сӕргълӕууӕг Гобозты Вячеслав - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Хуссар Иры информацион ведомствӕйы раздӕры сӕргълӕууӕг нымайы, зӕгъгӕ, Sputnik-Туркы алыварс сывзӕргӕ уавӕр ма ноджы иу хатт ӕвдисы, абон Турчы цы процестӕ цӕуынц, уыдонӕн Уӕрӕсейы къухдариуӕгад иттӕг раст ӕмӕ адекватон аргъ кӕй скодта.

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik. Турчы къухдариуӕгад гуымирӕй халы дзыллон информацийы фӕрӕзты ӕмӕ сӕрибар мыхуыры бартӕ иууылдӕр, загъта ӕртыццӕджы Sputnik Хуссар Ирыстоны информацийы комитеты раздӕры сӕргълӕууӕг Гобозты Вячеслав.

Турчы хицауад Sputnik-Туркы сӕйраг редактор Турал Керимовы нӕ бауагътой республикӕмӕ ӕмӕ йын аивтой йӕ аккредитаци. Уымӕй цалдӕр бон раздӕр та Турчы ӕхгӕд ӕрцыд агентад Sputnik-ы сайт.

"Уый у сӕрибар мыхуыры стандартты гуымир фехӕлд. Турчы ахӕм цаутӕ ӕрцӕуы арӕх, ацы къабазы уый архайы, куыд Украинӕ, цыран адӕймаджы ӕмӕ информацион фӕрӕзты бартӕ хӕлд цӕуынц регуляронӕй. Ацы цау ма радон хатт бӕлвырд кӕны, Эрдоганы хицауад афтӕ фидар кӕй нӕу, цӕмӕй ацы фарстытӕм мацы хъусдард здаха", — загъта Гобозты Вячеслав.

Уый ма йӕ ныхӕстӕм бафтыдта, зӕгъгӕ, Sputnik-Туркы алыварс сывзӕргӕ уавӕр ма "ноджы иу хатт ӕвдисы, абон Турчы цы процестӕ цӕуынц, уыдонӕн Уӕрӕсейы къухдариуӕгад иттӕг раст ӕмӕ адекватон аргъ кӕй скодта".

Ног хабӕртты лентӕ
0