Бренд Liza Gabarati иу кæны классикæ æмæ этностиль

© FacebookГæбæраты Лиза
Гæбæраты Лиза - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Дарæсы хахх Liza Gabarati ¬ныридæгæн ссис ирон националон стилы дизайнерон дарæсы зындгонд бренд.

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik, Козаты Дианæ. Дарæс хуыйын Гæбæраты Лиза райдыдта 2005 азы. Уæд ЦИПУ-йы æртыккæгæм курсы студенткæ сфæнд кодта хайад райсын популярон конкурс "Пульс моды"-йы. Йæ коллекци йын банымадтой, куыд иууыл хуыздæр.

Уæдæй фæстæмæЛиза æрвылаз дæр иста хайад алыгъуызон æхсæнадæмон конкурсты, 2013 азы та йæ дарæсы коллекци бахаудта Модæйы къуыримæ Мæскуыйы. Ныридæгæн дарæсы хисæрмагонд хахх Liza Gabarati у ирон националон стилы дизайнерон дарæсы зындгонд бренд.

"Нæ бинонты сылгоймæгтæ алыхатт дæр рæхстысты хуыйынмæ. Уæлдайдæр та нана, уый зыдта алцыдæр — националон дарæс хуыйын, бийын. Фæстæдæр мæ мæ мад фæцайдагъ кодта элементарон хъуыддæгтыл, мæхимæ дæр уыд стыр тырнындзинад. Фыцццаг классæй фæстæмæ йæ зыдтон, цы хъуыддагыл хæст уыдзæн. Никæй уырныдта, цалынмæ уый нæ бацахста ахсджиаг бынат мæ царды", — дзуры Лизæ.

Уый фæстæ Лизæ бацыд ахуырмæ физико-техникон факультеты технологи æмæ хуыйæн дзаумæттæ аразыны дæсниадмæ. Диплом райсыны фæстæ йæ ных скодта Мæскуымæ, цыран куыста дарæсхуыйæн фирмæйы æмæ райста егъау фæлтæрддзинад. 2010 азы Лизæ Дзæуджыхъæуы бакодта дизайнерон æмæ корпоративон дарæсы студи.

© FacebookLiza Gabarati
Liza Gabarati  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Liza Gabarati

Цалдæр азы фæстæ бренд Liza Gabarati равдыст æрцыд Мæскуыйы модæйы дунейы сæйраг мадзалы — Модæйы къуырийы, цыран равдыст вæййы уæрæсейаг дизайнертæ æмæ модæйы дунейон хæдзæртты ног коллекцитæн.

"Уырдæм бахауыны тыххæй мах арвыстам нæ куыстытæ, æрæмбырд кодтам æнæмæнгхъæуæг документтæ…æмæ нæ равзæрстой. Мæнæн уый уыд тынг ахсджиаг. Равдысты фæстæ мæм æрбацыдысты уазджытæ Китай æмæ Италийæ ӕмгуысткæнынады тыххæй, фæлæ, хъыгагæн, мæнæн уыцы уавæртæ нæ уыд. Уыдон бæрзонд аргъ скодтой коллекцийæн, кæцы сæ ныхæстæм гæсгæ, хицæн кодта иннæтæй", — дзуры Лизæ.

Йæ ныхæстæм гæсгæ, дарæс Liza Gabarati фыццаг арæзт цыд, куыд нысаниуæгджын дарæс, йæхи энергæтикæимæ. Классикæ, арæхстджынæй иугонд этностилимæ, нырыккон силуэттæ националон элементтимæ — ацы бренд ныридæгæн ссис æнцон базонæн.

"Уыдис рæстæг, алцыдæр-иу мæ куы фæндыд ныууадзын, зæгъгæ, ацы хъуыддаг никæй хъæуы. Фæлæ мын ныр æхсызгон у, кæй нæ бакуымдтон сæттын зындзинæдтæн", — дзуры Лизæ.

Чызг дзуры, тынг æввахс ын кæй сты ирон культурæ ӕмӕ традицитæ. Уый тынг ахсджиагыл нымайы ирон националон культурæ сæндидзын кæнын æмæ йæ æвдисы йæ дарæсы.

"Культурæмæ уарзондзинадыл мæ фæцайдагъ кодтой мæ бинонтæ. Уый нын алыхаттдæр уыд тынг нысаниуæгджын. Мах хъуамæ ма рох кæнæм, чи стæм — уникалон адæмы байзæддаг, уникалон генты хицæуттæ", — дзуры Лизæ.

© FacebookLiza Gabarati
Liza Gabarati  - Sputnik Хуссар Ирыстон
Liza Gabarati

Диссаг уый у, Liza Gabarati дарæс уæлдай популярондæр кæй у сылгоймæгтæ нæ, фæлæ нæлгоймæгты æхсæн.

"Фыццаг куысты акцент æвæрд цыд сылгоймаджы моделтыл. Фæлæ ныр мæ бон у зæгъын, нæ клиентты фылдæр хай кæй сты нæлгоймæгтæ. Уый у диссаг, фæлæ нын тынг æхсызгон у", — дзуры æрыгон дизайнер.

Бренд Liza Gabarati-йæн ис йæхи бутик Дзæуджыхъæуы. Лизæйы дарæсæн балхæнæн ис интернеты руаджы дæр.

Дизайнерон дарæс хуыйынæй дарддæр ма Лизæ уарзы ныв кæнын, фыссы æмдзæвгæтæ, сæрибар рæстæг ахуыр кæны психологи æмæ фæсарæйнаг æвзæгтæ.

Liza Gabarati ныртæккæ та кусы ног коллекцийыл.

Ног хабӕртты лентӕ
0