Президенты администраци фехъусын кодта УФ-йы скондмæ бацæуыны фæдыл референдумы фарст

© Sputnik / Григорий Сысоев /  Ахизын медиабанкмæРХИ ӕмӕ УФ тырысатӕ
РХИ ӕмӕ УФ тырысатӕ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Плебесциты рæстæджы æмбæстæгтæм æрсидтдзысты РХИ Конституцимæ ивындзинæдтæ бахæссыныл разыдзинад равдисын, кæцытæ президентæн фадат ратдзысты парламентимæ æрæмдзыхы фæстæ бахатын Кремлмæ республикæ ног субъектæй УФ-йы скондмæ айсыны куырдиатимæ.

ЦХИНВАЛ, 20 апр — Sputnik. Республикæ Хуссар Ирыстоны президенты аппарат аскъуыддзаг кодта, цы фарст рахастӕуыдзӕн РХИ УФ-йы скондмæ бацæуыны фæдыл референдуммæ, фехъусын кодта Sputnik республикæйы президенты пресс-секретарь Гана Яновская.

Яновская бамбарын кодта, зæгъгæ, президенты администраци цы справкæ бацæттæ кодта, уымæ гæсгæ, республикæйы цæрджытæ хъуамæ сразы уой Конституцимæ ахæм уæлæмхасæн бахæссын:

"1992 азы 19 январы æппæтадæмон хъæлæскæныны (референдум) фæстиуджыты бындурыл, Республикæ Хуссар Ирыстоны президент Республикæ Хуссар Ирыстоны парламентимæ æрæмдзыхæй барджын у æрсидын Уæрæсейы Федерацийы къухдариуæгадмæ, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон райст æрцæуа Уæрæсейы Федерацийы скондмæ, куыд ног субъект æмæ Уæрæсейы Федерациимæ саразын бадзырд, цæмæй Республикæ Хуссар Ирыстон бацæуа Уæрæсейы Федерацийы скондмæ, куыд ног субъект".

Ныридæгæн, Бындурон закъоны ацы статьяйы дзырдæуы, республикæ "барджын кæй у æндæр бæстæтимæ цæдисад аразын æмæ цæдисы уæнгтæн дæттын йæ барты хай".

РХИ президенты администрацийы нырма нæ фехъусын кодтой референдумы датæ, æрмæст банысан кодтой, уый уагъд кæй æрцæудзæн сæрды кæронмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0