Ацы Уæлахиз æрхаста… Бестауты Григорий

© Sputnik / Михаил ХасиевБестауты Григорий
Бестауты Григорий - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Проект Sputnik Хуссар Ирыстоны фæлгæтты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты йæ дадайы хайадисты тыххæй радзырдта Хаситы Михаил.

ЦХИНВАЛ, 21 апр — Sputnik. Бестауты Григорий Павелы фырт райгуырд 1926 азы 8 сентябры Хуссар Ирыстоны Дзауы районы Теделеты хъæуы. Ахуыр кодта Теделеты астæуккаг скъолайы, уый фæстæ та Дзæуджыхъæуы, цыран иттæг хорз нысæнттыл каст фæцис 16-æм уырыссаг скъола. Уыцы рæстæгмæ йæ хистæр æфсымæртæ иууылдæр: Георгий, Николай, Сергей æмæ Шота хæцыдысты Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтты немыцаг агрессорты ныхмæ.

1943 азы ныййарджыты номыл æрцыд уæззау хабары тел — Георгий фæмард Новороссийск хъахъхъæнгæйæ. Уыцы аз æрцыд дыккаг хъусинаг дæр: карз ныхмæлæуды рæстæджы Керчаг æрдæгсакъадахыл хъæбатырæй фæмард Николай. Ацы уæззау хабæрттæ аскъуыдтой ныййарджыты зæрдæтæ — æхсæвæй-бонæй не ‘нцад сæ хъарæг.

Æдæппæт сын уыд аст сывæллоны: фондз æфсымæр æмæ æртæ хо. Се ‘гасæй кæстæр сæ уыд Григорий. Чызджытæн иууылдæр уыд бинонтæ, уымæ гæсгæ Григорий уыд йæ ныййарджыты фарсмæ. Уæд ыл цыд 16 азы. Растдæр ацы рæстæджы Дзауы районы æвзæрстой æрыгон лæппуты Тбилисы æфæддон ахуыргæнæндонмæ. Уый базонгæйæ, Григорий йæ ныййарджыты сусæгæй ныццыд Дзаумæ. Медкомисси йæ нæ ауагъта йе ‘нахъом кары тыххæй. Фæлæ Григорий сусæгæй бамбал, æвæрст чи ацыд, уыдонмæ.

© Sputnik / Михаил ХасиевБестауты Григорий йӕ фыртимӕ
Григорий Бестаев с сыном - Sputnik Хуссар Ирыстон
Бестауты Григорий йӕ фыртимӕ

Бынатмæ куы ныххæццæ сты, уӕд æрсиддонты ралæууын кодтой æмæ сæ райдыдтой хыгъдмæ гæсгæ фæрсын, цыран нæ уыд иу адæймаджы ном — Бестауты Григорий Павелы фырт. Кæй зæгъын æй хъæуы, уый сæвзæрын кодта бирæ фарстытæ, фæлæ Григорий фидарæй дзырдта, йæ мыггаг кæй хъуамæ уа хыгъды. Йæ хъæуккæгтæй дзы чи уыд, уыдон æмхъæлæсæй дзырдтой, лæппу кæй рацыд медкомисси. Æрсиддонты иууылдæр акодтой казармæмæ, Григорийы та ахуыргæнæндоны сæргълæууæг инæлар-майор Добровольскиймæ.

Инæлар лæмбынæг æрфарста лæппуйы, чи у æмæ куыд февзæрд ахуыргæнæндоны. Уæд ын Григорий радзырдта, цæй аххосагмæ гæсгæ нæй йæ ном хыгъды, æмæ йæм бахатыд цæмæй йæ айсой курсантæй ахуыргæнæндонмæ. Уый ма фæсайдта, ома йын никуы ничи ис хион æмæ æндæр цы фæуа, уый йын нæй.

Добровольский йæм бакаст, бахудт æмæ загъта, æнахъом кæй у, уый тыххæй йын нæй фæндаг ахуыгæнæндонмæ: æрмæстдæр уый тыххæй æмæ æнахъомтæн нæй бар æфсæддон ардбахæрд райсын. Григорий уæддæр йæхи ныхас кодта, зæгъгæ никуыдæм ацæудзæн, цалынмæ йæ нæ айсой, уæдмæ. Æртæ боны фæстæ ахуыргæнæндоны къухдариуæгад бацыд лæппуйы уавæры æмæ Григорий райст æрцыд ахуыргæнæндоны курсантæй.

Ахуыры рæстæг тагъд атахт, æмæ ныр Бестауты Григорий (снайперы бынаты) иннæ курсанттимæ æрвыст æрцыд 3-аг Балтигæрон фронтмæ. Карз тохты уыдон сæрибар кæнынц иу горæт иннæйы фæдыл: Остров, Псков, Новгород. Фронтæн командæ кодта маршал Говоров Леонид Александры фырт. 3-аг Балтигæрон фронты сконды уыдон ныххæццæ сты Ленинграды онг. Фæстæдæр сæ бакодтой карело-финнаг фронты скондмæ, кæцыйæн командæ лæвæрдта Советон цæдисы маршал Кирилл Мерецков. Ацы фронт, Григорийы нымадмæ гæсгæ, уыд иууыл карздæр.

Спутник - Sputnik Хуссар Ирыстон
Sputnik радзурдзæн Стыр Фыдыбæстæйон хæсты Ирыстоны хъайтарты тыххæй

Бестауты Григорий фыццаг цæф райста Гданьск (Данциг) сæрибар кæныны рæстæджы. Фæстæдæр Григорий мысдзæн, адæм сæ размæ куыд згъордтой арфæйы хъæртимæ: "Ура!" Уыдон лыгъдысты Сырх Æфсады размæ — Беларус, Польшæ, Финлянди, Балтигæрон, Карелийы.

Быдырон госпиталæй рацæуыны фæстæ Григорий баздæхт йе ‘фсæддон дæлхайадмæ, кæцы уæд штурм кодта немыцæгты Силезиаг шахтты онг. Уым фæцæф дыккаг хатт, фæлæ уайтагъд Григорий ногæй архайы йæхи минææхсæн батареяйы сконды. Уый фæстæ тох сын уыд ахсджиаг — Берлины цæгаттаг хайы штурм. Афтæ, 1945 азы 9 майы кæронмæ бахæццæ Бестауты Григорийы æфсæддон фæндаг немыцаг фашистты ныхмæ тохы.

Григорий никуы дзырда, цы хъизæмæрттæ баййæфта, уыдоныл. Иууыл уæззаудæр хæсты быдыры нымайы йæ хæстон æмгæртты бабын. Уæлдайдæр та ирæтты. Уыцы хъуыддæгтыл дзурын Григорийæн тынг зын уыд. Иууыл зындæр та йын уыд йæ æмпъолкъонтæ къуайсайаг Хуыгаты Чича æмæ кутаисаг Георгий (Жора) Минделийы хъысмæт, кæцытæ нымад цыдысты фæмардуæвджытыл æмæ кæцытимæ ногæй фембæлд хæсты кæронæй авд азы фæстæ. Дыууæ дæр уыдысты 82-æм минометон бригадæйы, кæцыйæн командæ дæтта Бестауты Павел Григорийы фырт.

Æмæ хæсты фæстæ, 1952 азы Григорийы йæ куысты фæдыл арвыстой Къуайсамæ, цыран фембæлд йæ хæстон æмгар Хуыгаты Чичайыл. Уым, кæрæдзийыл цинты фæстæ æрдзырдтой, хъысмæт сæ кæрæдзийæ куы фæхицæн кодта, уæд цы фыдæвзарæнтæ баййæфтой, уыдæттыл. Ссардта Жора Минделийы, кæцы 1952 азы бацыд ахуырмæ Кутаисы.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты кæронмæ Бестауты Григорийыл сæххæст 19 азы, уый дарддæр кæны йе ‘фсæддон службæ Германийы оккупацион æфсады. Уый куыста æрыгон æфсæддонты патриотикон хъомыладыл.

© Sputnik / Михаил ХасиевГригорий хорзæхджын æрцыд фыццаг къæпхæны " Фыдыбæстæйон хæсты" орденæй, орден "Красная звезда"-йæ æмæ 19 майданæй
Медали за участие в ВОВ - Sputnik Хуссар Ирыстон
Григорий хорзæхджын æрцыд фыццаг къæпхæны " Фыдыбæстæйон хæсты" орденæй, орден "Красная звезда"-йæ æмæ 19 майданæй

1946 азы скъуыддзаг æрцыд, цæмæй Стыр Фыдыбæстæйон хæсты ветеранты æнæ экзаментæй исой ахуырмæ уæлдæр ахуырадон уагдæттæм. Æфсæддон службæгæнджытæй кæйдæрты, уыдон нымæцы Гришæйы, арвыстой Львовы уæлдæр æфсæддон-политикон ахуыргæнæндонмæ æмæ æнхъæлмæ каст 1 сентябрмæ, ахуыры азы райдианмæ. Уыцы фæсхæстон рæстæг Григорий фæиппæрд йæ хæдзарæй, йæ бинонтæй. Иу азæй фылдæр нæ райта фыстæджытæ йæ хиуæттæй. Уый нымадта, йæ хиуæттæй удæгасæй кæй ничи аирвæзт, йæ дыууæ æфсымæр та фронтæй фесæфтысты æбæрæгæй.

Иу бон Григориймæ фæдзырдта генерал Лобанов, кæцы йæ уайдзæфгæнгæйæ бафарста "Кавказаг дæ?". Æмæ разыйы дзуапп куы райста, уæд бафтыдта: "Æвзæр кавказаг дæ, хæдзармæ цæуылнæ æрвитыс фыстæг? Де ‘фсымæрæй фыстæг æрцыд Мæскуыйæ, генштабæй. Агурынц дæ, куыд æбæрæгæй фесæфæджы".

Ацы ныхæстимæ йын йæ къухтæм радта фыстæг. Уый афтæ бацин кодта фыстæгыл æмæ радта рапорт. Йæ документтæ рахаста ахуыргæнæндонæй, 1946 азы 30 августы ныууагъта Германи æмæ æрæздæхт хæдзармæ. Йе ‘фсымæртæ дыууæдæр баззадысты удæгасæй, фæлæ ссисты 1-æм группæйы инвалидтæ. Йæ фыды удæгасæй нал æрæййæфта. Йæ хæстон цæфтæн хоскæнгæйæ, куыста Æххæстгæнæн комитеты секретарæй æмæ Теделеты астæуккаг скъолайы æфсæддон къухдариуæггæнæгæй. 1948 азы бацыд кусынмæ мидхъуыддæгты министрады органтæм, цыран фæллой кодта 1952 азы онг. Уый фæстæ ахуырмæ бацыд Кутаисы паддзахадон педагогон институтмæ, уырыссаг æвзаг æмæ литературæйы факультетмæ.

Уый йæ ахуыр каст фæцис 1956 азы иттæг хорз нысæнттыл. Уыцы аз Бестауты Григорий Павелы фырты снысан кодтой Теделеты астæуккаг скъолайы директорæй, цыран куыста 1959 азы онг. 1959 — 1962 азты уыд фæуæрæхдæргонд колхозы сæрдар.
Уæдæй фæстæмæ куыста бирæ бæрнон бынæтты.

Стыр Фыдыбæстæйон хæсты фронтты йæ хъæбатырдзинæдты тыххæй хорзæхджын æрцыд фыццаг къæпхæны " Фыдыбæстæйон хæсты" орденæй, орден "Красная звезда"-йæ æмæ 19 майданæй. У бирæнымæц грамотæтæ æмæ дипломты хицау.

2011 азы 12 январы Хуссар Ирыстон Бестауты Григорийы — йæ Райгуырæн бæстæйы æцæг патриоты афæндараст кодта йе ‘нусон бынатмæ.

Ног хабӕртты лентӕ
0