Ручъы туннель аразджытӕн нырма дӕр нӕ бафыстой сӕ мызд

© Sputnik / Владимир ИвановРучъы туннель
Ручъы туннель - Sputnik Хуссар Ирыстон
Рафыссын
Аразджытӕ ӕмӕ сӕ адвокат Саситы Жанна радзырдтой, зӕгъгӕ, Путины комкоммӕ хаххӕй цалдӕр боны фӕстӕ фӕзынд информаци, кусджытӕн сӕ мызд кӕй бафыстой, фӕлӕ уый рӕстдзинадмӕ ницы бар дары.

ЦХИНВАЛ, 26 апр — Sputnik. "БТС-Гидрострой"-йы раздӕры кусджытæ, кӕцытӕ рахъаст кодтой Путинӕн, фехъусын кодтой РЦИ-А сӕргълӕууӕджы хӕстӕ ӕххӕстгӕнӕг Битарты Вячеславӕн, Ручъы туннель аразджытӕн нырма дӕр кӕй нӕ райдыдтой сӕ мызд уарын, хъусын кӕны РЦИ-А хицауады сайт.

Мызд сын фондз мӕййӕ фылдӕр кӕй нӕ бафыстой, уый тыххӕй "БТС-Гидрострой"-йы кусджытӕ радзырдтой Уæрæсейы президент Владимиры Путины "комкоммӕ хаххы" рӕстӕджы. Уый фӕстӕ уайтагъд Цæгат Ирыстоны слестгæнджытæ райдытой ацы хъуыддаджы фӕдыл басгæрст.

Путины "комкоммæ хаххы" фæстæ Цæгат Ирыстоны сгарынц "БТС-Гидрострой"

Аразджытӕ ӕмӕ сӕ адвокат Саситы Жанна радзырдтой, зӕгъгӕ, Путины комкоммӕ хаххӕй цалдӕр боны фӕстӕ фӕзынд информаци, кусджытӕн сӕ мызд кӕй бафыстой, фӕлӕ уый рӕстдзинадмӕ ницы бар дары. Адвокат ма ноджы фехъусын кодта, Красноярскы крайы (уагдон регистрацигонд у уым) прокуратурӕ ӕмӕ слестгӕнӕн комитет ӕмӕ тӕрхондонон инстанцитӕм бирӕхаттон ӕрсидтытӕ кӕй ницы фӕстиуджытӕ радтой.

Битарты Вячеслав куыд радзырдта, афтӕмӕй проблемӕимӕ зонгӕ у УФ президенты ӕххӕстбарджын минӕвар Цӕгат-Кавказы федералон зылды Сергей Меликов. Афтӕ ма уый бахатыд республикӕйы сӕйраг федералон инспектор Бессонов Андреймӕ, цӕмӕй ацы фарст бакӕна йӕ хъусдарды бын ӕмӕ кӕд бахъӕуа, уӕд фарст аскъуыддзаг кӕнынмӕ ӕрбамбал кӕны Уӕрӕсейы прокуратурӕ ӕмӕ мидхъуыддӕгты министрады къухдариуӕггӕнджыты дӕр.

Компани "БТС-Гидрострой" æххæст кодта Ручъы тоннелы реконструкци, куыд нардуатон организаци. Цæгат æмæ Хуссар Иры цы тоннель иу кæны, уый реконструкцийы фæстæ цытджын æгъдауæй байгом 2014 азы ноябры. Раздæр, бынæттон массон информацийы фæрæзты информацимæ гæсгæ, тоннелы аразджытæ ауагътой митинг мызд бафидыны домæнимæ. "БТС-Гидрострой" йæ кусджыты раз хæсты бацыд 160 милуан сомы бæрц.

Ног хабӕртты лентӕ
0